Гаагæйы тæрхондоны, Фату Бенсудайы,  бритайнаг  Карим Хан фæивдзæн
Гаагæйы тæрхондоны, Фату Бенсудайы, бритайнаг Карим Хан фæивдзæн

Гаагæйы  æхсæнадæмон  тугтæрхоны  барады  тæрхондоны сæйраг  прокуррорæй  бритайнаг  Карим Ханы сывзæрстой.

Карим Хан  фæнысангонд постыл   фæивдзæн Габриел Фату Бенсудайы.

Карим Ханы халлæпæрсты  дыккаг    туры сывзæрстой.  Тæрхондоны 122  бæстæйæ  72  минæвар йын схъæлæс кодта.  Бритайнаг  юрист  æмæ  дипломат  ныр къудариуæг кæны ИНО-йы фæдаугырæг  къордæн, кæцы  иртасы террористон къорд «Исламы Паддзахады» уæнгты фыдракæндтæ.

Тугтæрхоны барады æхсæнадæмон  тæрхондоны  сæйраг прокуррор  æндæр  хъуыддæгтимæ иумæ  ныр  æвзары  2008 азы  Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæдыл  гæнæн æфсæддон фыдракæндтæ .

Бакой уын кæндзыстæм цæмæй  Дональд Трампы администраци  Гаагайы  тæрхондоны раздæры прокуррор  Фату Бенсудайæн  санкцитæ сфидар кодта.  АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео  та  Фату Бенсудайы   коррупци æмæ  субъективондзинады  фæзылын кодта.   Уый аххосæй  уыд  прокурроры æрдгæй Афгъанистаны  америкаг æфсæдды  гæнæн    фыдракæндтæ равзарын, кæцыйы ныхмæ уыд Вашингтон.