Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокуррор, августы хæсты хъуыддагыл æртæ гоймагы æрцахсты ордертæ   æркуырдта
Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокуррор, августы хæсты хъуыддагыл æртæ гоймагы æрцахсты ордертæ æркуырдта

Гаагæйы тæрхондоны сæйраг прокуррор  Карим Хан 2008  азы сыххæст  хæстон фыдракæнды  тыххæй, Михаил Миндзаевы, Гучмазов  Гамлеты  æмæ  Санахъоты Дауыты æрцахсты домы ордер.

Гаагæйы  тæрхондоны  сæйраг прокурроры  офисы  ахæлиугонд пресс-релизы  куыд у фыст афтæмæй,   фæнысангонд уæнгтæ  2008 азы  8-æй  27 августы  онг периоды,  ахæм фыдаркæндтæ сæххæст кодтой: сæрибардзинад æнæзакононæй сæмбонд кæны, хъизæмар, æнæдаæймагон ахаст, джелбетт бафхæрд, уацары скæнын æмæ  алæвæрд.

Дзырæдуы ацы  уангтыл –  Михаил Миндзаев 2005  азæй  2008  азы  октябры онг, а.х. Хуссар Ирыстоны  «Мидхъуыддæгты министр уыд».  Гучмазов Гамлет, а.х. Хуссар Ирыстоны  «мидхъуыддæгты министрады»  развæлгъау ахсты изоляторы  хистæр уыд, Санахъоты Дауыт та, а.х. Хуссар Ирыстоны  «президенты» минæвар, адæймаджы барты хъахъхъæды  фарстаты.

«Мæ куырдиат фæнысангонд уæнгты æцахсты  ордер раттыны  фæдыл  конкретонæй æххæссы  сæрибардзинад сæмбонд кæныны, æнæадæймагон ахасты, уацары скæнын æмæ  стæй  этникон гуырдзиаг гражданон уæнгты æнæзаконон  аласыны  факттæм  Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй оккупацийы  контексты.  Фæдагуырдæй  афтæдæр сбæрæг ис, Уæрæсейы  гарзджын тыхты  инæлар –майор  Вячеслав  Борисовы  æнхъæлцау  роль,  кæцы барæй  йæ къух арызта фыдракæнд  сæххæстæн. Борисов  нырид  мард у.

Æрцæгæйы рæстæджы, Хуссар Ирытсоны  цæрæг   гуырдзыйаг  граждайнаг  уæнгты  фылдæр алыгъдысты Гуырдзыстоны   контролгонд территоримæ.  Гуырдзыстоны  гарзджын тыхты   Хуссар Ирыстонæй  куы  феддæмæ  кодтой  уый фæстæ, уырыссаг  æмæ фыццаджы дæр, Хуссар Ирыстойнаг æфсæддон тыхтæ райдыдтой гуырдзиаг  сабыр æмбæстæгты  ахсын.  Сæ  фылдæр уыдысты карджын  æмæ уæззау  низджын уæнгтæ,  кæцытæн  нæ уыд сæ бон   æмæ сæ нæ фæндыд   хæдзæрттæй  сыстын æмæ ныууадзын.  Уыдон сын нæ бавдыстой  ахсты фæдыл аххосæгтæ  æмæ  нæдæр процессуалон   бартæ уыд хъахъхъæд.  Бæлвырдгæнæнтæй  сбæрæг ис, цæмæй ацы  адæймæгтæн сæ фылдæр дарттой  антисанитарийы  æмæ  æнæниздзинадæн тæссаг   уавæрты.  Уыдоны æфхæрдтой, надтой сæ, æмæ  хъизæмарæй  мардтой.

Кæд  рагтæрхонон  палатæ мæ  куырдиатимæ сразы уыдзæн,  æнгом æмкуыст  кæндзынæн  нымрдарадимæ ацы æртæ гоймагы  æрцахсынæн.  Фидæнмæ  ныфс дарын, цæмæй  алы падздахадтæ  сразы  уыдзысты, сæрмагондæй  Ромы статусы хайадисджытæ, цæмæй ацы  гоймæгтæ  дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæд  æхсæнадæмон тугтæрхоны барады тæрхондоны», –  дзырдæуы Гаагæйы  тæрхондоны  сæйраг прокурроры фидиуæны.

Прексс-релизы дзырд ис, цæмæй  Миндзаевы, Гучмазовы æмæ Санакоевы  æрцахсын æнæмæнгхъæугæ у,  цæмæй  нæмæнгæй  сæххæст тæрхондонмæ  сæ  бацыд æмæ  тæссаг ма  уой  фæдагуырдæн, кæнæ  тæрхонон   хъусыны процессæн.

Афтæма ацы фидиуæны дзырдæуы, цæмæй прокурроры офис, «уагахасты аналогион модел» сфиксир кодта  Украинайы  уавæры развæлгъау бацахуыры  рæстæджы дæр.

Тугтæрхоны барады  æхсæнадæмон тæрхондоны, Гуырдзыстоны 2008 азы  конфликты рæстæджы æрцæугæ фыдракæндтыл фæдагуырд  2016 азы 27 январы райдыдта.