Арчил Талакъвадзе – Фæнды мæ зæгъын æфсæддæттæн, Гаагæйы тæрхондонæй уæм ницы æртъхъирæн кæны, сымах стут хъайтартæ
Арчил Талакъвадзе – Фæнды мæ зæгъын æфсæддæттæн, Гаагæйы тæрхондонæй уæм ницы æртъхъирæн кæны, сымах стут хъайтартæ

Гаагæйы  тæрхондоны  дауу  æмæ  рæстдзинадæн тох кæнын  растдæр  нæ  хицауады руаджы фæактивондæр ис – уый  фæдыл парламентон  фылдæрты  лидер Арчил Талакъвадзе  2008 азы  августы  хæсты темæйы  Гаагæйы цæугæ процессы тыххæй райхъусын кодта.

«Фæнды мæ  раздæры хицауадæн бакой кæнын,бæлвырдгæнæнтæ сæ нымæцы  уыцы  бомбæты  фрагменттæ, кæцытæй  раздæры  хицауады рæстæджы   цæрджыты  ныхмæ  спайда кодтой, ратсдæр  Тея Цъулукианийы æмæ нырыккон  хицауады  къухдариуæгад  æрымбырд кодта, сырæзт сын экспертизæ æмæ   æрвыст æрцыд  фæдæвзарæнмæ»-райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе..

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæйраг   бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæн сæ бон  у  хъуыддажы рамбулын,  æнæхъусдардæй  уыдысты  æмæ арæх цауы, сæфт дæр.

«Нæ  хицауады  уавæрты бантыст уый æппæты систематизаци», – дзуры Талакъвадзе.

Парламентоны фылдæрты  лидеры  фидиуæнæй,   «Националон Змæлд» зæгъгæ  архайы,  æфсад  æмæ   æфсæддæтты зæрдæйы ахастæй  сæрмагонд партийы бахъахъхъæнынæн  спайда кæна.

«Дарддæр кæнæм тох Гаагæйы  тæрхондоны, уыцы рæстдзинады тыххæй,  кæцы  не рдæм у.  Уынæм, «Националон Змæлды»  бынтон  æдзæсгом  æмæ  æнæбæрнон  позици, куы архайы,  æфсад æмæ æфсæддæтты  равгæй  сæрмагонд партий  баиргъæвынæн  спайда кæнын.  Фæнды мæ  баздæхын  æфсæддæттæм, зæгъон сын, ницы гаагайаг тæрхондон уæм не ртъхъирæн кæны, дарддæр кæнут уæ куыст,  бахъахъъæнут уæ  фыдыбæстæ, сымах стут хъайтартæ  æмæ телеуынынадæй та  цы  дзурынц, зæгъгæ  Гаагайы тæрхондоны Гуырдзыстон фембылд уыдзæн,æмæ уымæй исты тас бартъхъирæн  искæцы æфсæддонмæ, уый  у  мæнг æмæ уæ  ма бауырнæт.

Гаагæйы процесс дарддæр  кæны æмæ уыцы солидон бæлвырдгæнæнтæ, кæцытæ хъуыддаджы фæсæттын фадат раттой, уыдон æппæт  растдæр  нæ  хицауад   бамбырд кодта.  Мах æнæмæнгæй  кæронмæ  бакæндзыстæм ацы  процесс, æнæкæсгæ уымæ,  «Националон Змæлд» цы фæнды архайæт исты амæлттæй  бахъыгдара Гуырдзыстоны позицитæ æмæ   алыгъуызонæй  спайда кæна йæ  партион  интересты бахъахъъхæнынæн», – райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.

«Националон Змæлды»    депутат  Саломе Самадашвили абон  райхъусын кодта, ома зæгъгæ Гаагæйы  цæугæ процесстæ  серьезон  тас хæссынц Гуырдзыстоны  паддзахадон интерестæн.