Францы теракты тас бæрзонддæр æмвæзады онг райрæзын кодтой. Æмбæлгæ уынаффæ бæстæйы премьер-министр Мæскуымæ æввахс сæххæст теракты фæстиуæг у.
Габриел Атал социалон хызаджы куыд ныффыста афтæмæй, Уæрæсейы æрцæугæйы фæстæ бæстæйы президент Эмануел Макрон Францы хъахъхъæнынады æмæ националон æдасдзинады советы рабадт фæхуыдта.
«Исламон Паддзахады» æрвитæггæгтæм гæсгæйæ, ома уыдон исынц бæрн сæхимæ бырстыл æмæ уыцы æртхъирæнтæ хынцгæйæ, кæцытæ хъуысынц нæ бæстæйы æрдæм, ахицæн кодтам терриористон бырстыты тас бæрзонддæр æмвæзадмæ схæцæм», – фыссы Францы премьер-министр.
Францы закъондæттынадæй, террористон бырстыты тасы бæрзонддæр æмвæзадмæ райрæзын кæнын æмбæлгæ уагдæттæн дæтты фадат, бахъуаджы цауы, æхсæнадон цардуагæн зиангæнæг архæйдтытæ сыххæст кæной, цæмæй маруадзой теракттæ.