Францы парламентон æвзæрстыты фыццаг туры эгзитполты фæстиуджытæ Паризы акцийыл спротест кодтой
Францы сæйраг горæты парламентон æвзæрстыты фыццаг туры эгзитполты спротест кæнынæн уынгтæм мингай демонстрант рацыд.
Медиайы информацийæ, митинггæнджытæ уынгты æссыгъдтой арт, басыгъдтой бынæттон инфрастрауктурæ. Параллелонæй акцийы хайдаисджыты хай хъæр кодтой лозунг «Фашисттæ ацæут». Æрцахстуæвджыты фæдыл ацы рæстгæмæ информаци нæ хæлиу кæны.
Эгзитполты фæстиуджытæм гæсгæйæ, Францы парламентонг æвзæрстыты фыццаг туры Марин Ле Пены ультрарахиз парти «Националон Иугонд» 34 процентимæ у лидер. 28.1 процентимæ дыккаг бынатыл ис галиуты коалици «Ног Адæмон Фронт», æрмæст архайæг президент Эмануэл Макроны центристон альянс хъæлæсты 20,3 проценты æрымбырд кодта. Республикæгтæ та эгзитполтæм гæсгæйæ æрымбырд кодтой хъæлæсты 10.2 проценты.