Францы МХ министр хъусын кæны, цæмæй фæстаг иу мæйы дæргъы бæстæйы сфиксир ис 1 100 антисемитон инцидент
Францы хицауады информацийæ, фæстаг иу мæйы дæргъы бæстæйы 1100 антисемитон инцидент сфиксир ис.
Бæстæйы мидхъуыддæгты министр, Джеральд Дарманины дзырдæй, бæстæйы «антисемитон актты уылæн у» æмæ ахæм инцидентты нымæц æнæхъæн ивгъуыд азы бæрæггæнæнæй бæрзонддæр у.
Францы дзуттаг æхсæнады хъахъхъæды куысты публикацигонд бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, 2022 азы Францы 436 антисемитон акт сфиксир ис.
Бæстæйы мидхъуыддæгты министрады информацийæ, ахст сты 490 адæймаг, уыдонæй 120 фæсарæйнаг æмбæстæгтæ сты.