Францы хицауады критикон фидиуæнты тыххæй, Италийы фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ фæсидтысты Францы минæвармæ
Италийы фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ фæсидтысты Францы минæвармæ. Италийы фæсарæн хъуыддæгты уагдон ф æнысангонд скуыддзаг, Францы хицауады критикон фидиуæнты фæстæ райста.
Францй Италийы уый фæстæ скритикæ кодта, официалон Ром мигрантты науы, Aquarius-ы райстыл нæзагъд куы ракодта уæд.
Зæххастæу Денджызы урæд науыл уыд 600-йæ фылдæр мигрант. Италийы хицауады скуыддзагы, Францы президент Эммануэль Макрон схуыдта «цинизмæй æмæ æнæбæрнондзинадæй».
Италийы æмæ Мальтæйы фæстæ мигрантты науы, Валенсиайы порты райста Испани.