Францы 57 аздзыд экстремал специалон гæрзтæ цухæй 152 метры бæрзæнды арвысхъауæгыл ысхызт
Францы 57 аздзыд экстремал специалон гæрзтæ цухæй 152 метры бæрзæнды арвысхъауæгыл ысхызт. Уый фæдыл информацийы хъусын кæны «Ле Паризиен». Францаг рауагъдады хъусинагæй, альпинистр Ален Робер арвысхъауæг «Арианы» æппытфæстаг уæладзыгмæ сбырыд æмæ йæ уæлхæдзармæ схызны онг ма цылдæр метр баззад фæлæ уырдæм ысбырын нал фæцарæхстис æмæ фæстаг уæладзыгмæ рудзынгæй бахызт.
Арвысхъауæгмæ схизыны фæстæ, дæлæмæ æрхизгæйыл барадхъахъхъæнджытæ амбæлдысты æмæ йæ пъæлицæй хайадмæ аластой.
57 аздзыд Ален Робер Францы æмæ йæ арæнтæ æддæйæ, номдзыд у «Адæймаг хæлварæгы» номæй. 1994 азы фæстæ уый æхсæнадæмон машстабæй специалон гæрзтæ цухæй 130-ы онг арвысхъауæгы сæрмæ ысхызтис. Сæ нымæцы ис Дубайийы «Бурдж Халифа» æмæ Лондоны «Сейлсфорс Тауэр».