Франц ссис Евроцæдисы Советы сæрдар бæстæйæ. Францы президент Эмануель Макрон куыд хъусын кæны атæмæй, «2022 аз Европæйæн хъуамæ суа скуыддзаггæнæг фæзилæн моментæй».
«Фæстаг азты Евроцæдисы арæх критикæ кодтой, цæмæй дих у, нæу иумæйаг проекттæ сыххæсты хъом æмæ хæццæ кæны уыцы моментмæ,активондзинад куы фесафдзæн. Фæлæ пандеми равдыста, цæмæй иудзинад у пайдаджын æмæ ныфсы равзæрæн»- райхъусын кодта Макрон.
Францы президент приоритетæй пандемийы фæстæ Европæйы экономикæйы рæзынады ног модел сфидар кæнын схуыдта, кæцы куыстбынæтты саразынæй æмæ инновацитæ æрфидары фæрцы хъуамæ сыххæстæуа.
Евроцæдисы Советы сæрдариуæг Францмæ рахызт Словенийæ æмæ ацы статус йæм уыдзæн фæдылдзог æхсæз мæйы дæргъы.