Евроцæдисы Советы президент  Шарль Мишел цæугæ азы  июны, Европарламенты æвзæрстыты райсдзæн хайад
Евроцæдисы Советы президент Шарль Мишел цæугæ азы июны, Европарламенты æвзæрстыты райсдзæн хайад

Евроцæдисы совты  президент  Шарль Мишел  цæугæ  азы  июны  Европарламенты  æвзæрстыты  райсдзæн хайад. Уый фæдыл   информаци  «Политико»  хъусын кæны. Уый нысан кæны, цæмæй  æвзæрстыты  æнтысты цауы, Шарль Мишел йæ пост æмгъуыдагъоммæ  ныууадздзæн.

Уый уыдзæн  фыццаг цау, Советы архайæг президент  парламенты уæнгтæм кандидат куы уыдзæн, уымæн æмæ Шарль Мишел Евроцæдисы  советы  президенты бынатыл  цæугæ  азы  ноябры кæронмæ хъуамæ баззайа,  коммисарты ног коллеги  куы сæрæздзæн уæд.

Мишел хъавы  бацахса йæ бынат европарламенты  июлы  астæу  бонты, сывзарыны цауы, кæцы  уый нысан кæны, цæмæй  Евроцæдисы  лидерт   тагъд хъуамæ æрныхас кæной  йæ ивæгыл.

Мишел нæ конкрет кæны уый цæмæй, нысан кæны æви нæ йæ уынаффæ  парламенты хъæлæскæныны фæдыл, ома интересджын уыдзæн   æндæр бæрзонд   постытæй, цахæмдæр  у европаг  либералты  сæйраг   канидатдзинад кæнæ  еврокомиссийы сæрдариуæг.