Франц Ираны уæвæг йæ æмбæстæгтæм сиды, Исламон Республикæ æнæаргъæвгæ ныууадзынмæ
Францы фæсарæн хъуыддæгты министрад Ираны уæвæг сæрмагонд æмбæстæгтæм, Исламон Республикæ æнæаргъæвгæйæ ныууадзынмæ æрсидтис. Уый æфсонæн та Израилы æмæ Ираны æхсæн æфсæддон эскалацийы райрæзгæ рискъы бавдыстой.
Францы фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй æнæхъæн бæстæ «сырх» зонæйы ис.
«Уый тыххæй, Францы æмбæстæгтæн официалонæй дæттæм уынаффæ сæхи бауромой Иранмæ цыфæнды æфсонæн балц кæнынæй, уым чи ис уыдон та сæхи байромой цыфæнды формæтæй демонстрациты хайда райсынæй», – дзырдæуы Францы фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.
Регионы уавæр сæрмагондæй уый фæстæ фæкарз ис, Тегераны «Хамасы» политикон лидеры Исмаил Ханьяйы куы амардтой.