Франц,  цæрджытæн социалон æххуысы æмвæзадæй  Дунейы  фыццаг бынат ахсы
Франц, цæрджытæн социалон æххуысы æмвæзадæй Дунейы фыццаг бынат ахсы

Цæрджыты  социалон æххуысы  æмвæзадæй  Дунейы  фыццаг бынатыл  ис  Франц.

Экономикон  æмкуысткæнынады  æмæ  тынгады    организацийы  публикацигонд  æрвылазон хыгъдлæвæрды  банысангонд у, цæмæй  2018  азы  Франц  паддзахадон  социалон  æххуысыл  æмтгæйон мид продукты  32% бахардз кодта.

Социалон æххуысыл нымад цæуынц,  пенситы  бæрц, медицинон  æххуысæй  цæрджыты  ифтонгад æмæ  куыстбынæтты  сæвзæрын кæнын.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,   социалон æххуысы  æмвæзадæй  дыккаг  бынатыл  28.9%-æй ис Бельги, æртыккагыл та  28,7%-æй  Финлянди. Цыдæриддæр та  фæстаг  бынатмæ æххæссы,   социалон  æххуысы  сеппæтæй  ныллæгдæр   уынинаг  ис  ЦÆгат Кореямæ, кæцы  фæнысангонд  ардæмадæй,  æмтгæйон мид продукты   11.1%  хардз кæны.