Филлипп Бридлав - Гуырдзыстон алы æнхъæлцытæй фылдæр сарызта æмæ НАТО-ы уæнгдзинады «финишы хаххыл» рагæй рахызтис
Цæй ас у Гуырдзыстон уымæ куы кæсыс æмæ хъуыды кæныс, уæд бамбарыс, цæмæй цас ратта ацы бæстæ, фендзынæ, цæмæй Афгъанистаны миссийы уыдонæй стырдæр хайбавæрд никæмæн ис, – уый фæдыл НАТО-йы æфсæдды раздæры сæйрагкъамандыгæнæг, инæлар Филлипп Бридлав «Америкæйы хъæлæсимæ» интервьюйы загъта.
Журналисты фарстыл – цы хъуыды кæнут, Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгæй райсты фæдыл уыцы уавæрты, Уæрæсе бæстæйы оккупаци куы дарддæр кæны, Филлипп Бридлав банысан кодта, цæмæй зæгъгæ, НАТО-йы æфсæдды сæйрагкъамандыгæнæг куы ссис, уымæй фæстæмæ йæ хъуыды нæ фæивдта.
«Уæдмæ Европæйы Америкæйы уæлдæфон тыхтæн æмæ Африкæйы Америкæйы уæлдæфон тыхтæн къухдариуæг кодтон æмæ тынг дзæбæх зыдтон Гуырдзыстонимæ баст фарстатæ æмæ уыцы куыст, кæцыйы бæстæ Ныгуылæнимæ интеграцийы нысанæн æнахуыр дзæбæх æххæст кодта. НАТО-йы æфсæдды сæйрагкъамандыгæнæгæй куы снысан дæн, иуæй-иу фыццаг цы фехъуыстон уыд уый, цæмæй цас снывонд кодта Гуырдзыстон НАТО-йæн. Бирæ цыдæртæ раивдтой, цы сæ домттам, зæгъæм, хицауады, фæнды бизнес аразыны цæстæнгасæй, хыгъдлæвæрдтæ æрбайстæй, закъоны сæйрагдзинадæй æмæ бирæ æндæр.
Алы ацы æрдæм ис прогресс. Куыд æфсæддон сæргълæууæг, зæгъдзынæн уын, цæмæй цы у мæнæн нысаниуæгджын. Иу удгоймаг цæрæгмæ гæсгæ куы банымайæм, уæд никæмæн ис уый йас æфсæддон Афгъанистаны миссийы тыхайрхайды, куыд Гуырдзыстонæн. Афтæдæр, иу удгоймаг цæрæгмæ гæсгæ куы сисæм, уæд Гуырдзыстонæй фылдæр æфсæддонæй ничи фæхъуаг ис. Цæй ас у Гуырдзыстон уымæ куы кæсыс æмæ хъуыды кæныс, уæд бамбарыс, цæмæй цас ратта ацы бæстæ, фендзынæ, цæмæй Афгъанистаны миссийы уыдонæй стырдæр хайбавæрд никæмæн ис.
Æз стыр цыт кæнын иу æрдгæй Гуырдзыстоны гарзджын тыхты гражданон къухдариуæгадæн æмæ иннæрдгæй, мæ æфсæддон æфсымæртæ æмæ хотæн, кæцытæ службæ кæнынц æмæ кæцытæ стыр нывонд кæнынц. Гуырдзыстонæй фылдæр НАТО-йæн ничи снывонд кодта. Тынг сæ уарзæм æмæ сæ тынг арфæгæнæг стæм. Гражданон сферæйы стыр эксперт нæ дæн, Фæлæ æфсæддон цæстæнгасæй, уыдон, цы сæ куырдтам – алцыппæт сарызтой. Алы æнхъæлцытæй фылдæр сарызтой, ныхас æфсæддон адаптацийыл æмæ хайбавæрдыл куы цæуы, уæд. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстон рагæй рахызтис финишы хаххыл, хъуыддаг НАТО-йæн нывонд хайбавæрдмæ куы æххæссы, уæд», – райхъусын кодта инæлар Бридлав.