Фæстаг  дæс  азы  дæргъы  фыццаг хатт, Туркмæ ныттахтис Израилы  хæдтæхæг
Фæстаг дæс азы дæргъы фыццаг хатт, Туркмæ ныттахтис Израилы хæдтæхæг

Фæстаг  дæс  азы  дæргъы  фыццаг хатт, Израилы  хæдтæхæг ныттахтис Туркмæ. Израилы  рауагъдад  «Йерусалем Пост»  фыссы цæмæй   хæдтæхæг  Туркæй  АИШ-æм  коронавирусы ныхмæ  хъæугæ   медицинон   уаргъ аласдзæн.

Уæзласæн хæдтæхæг  ногæй  арызт «Дримлайнер»  Стамбулы  æрбадтис  æмæ дзы  20  тонна гуманитарон  æххуысæй байдзаг кодтой.  Нью-Йоркмæ атæхыны размæ,   хæдтæхæг  нырма  Тель-Авивмæ  ныттæхдзæн.

Израилы  æмæ  Турчы æхсæн  уæлдæфон  змæлд  2010 азы, дыууæ бæстæйы  æхсæн  ахастыты фæкарзхы  фоныл   æрцыд урæд.  Йеуæд  Гъазæйы  секктормæ  цæуæг  нау  «Мави Мармарайыл»  Израил  сыххæст кодта  рейд.  Инциденты фæстиуæгæн,  фараст адæймаг амард æмæ   цалдæр та  фæцæф сты.