Фæсивæды змæлд «Шецвале»-йы уæнгтæ, президенты резиденцийы цур сарызтой акци-перфоманс, «Æрбæтт президенты»
Акцийы хайадисджыты фидиуæнæй, уыдон президент Зурабишвили, ахæсттæм гæсгæ цы уынаффæтæ рахаста уыдон протест кæнынц. Акцийы хайадисджытæ президенты резиденцийы дуæрттыл символонæй гуыдыртæ сæвæрдтой æмæ сыл баныхæстой стикертæ #Шецвале (Раив æй). Сæ ныхæстæм гæсгæ, президенты зæгъгæ, «æрбæттинаг» у, афтæма хъусын кæнынц, цæмæй Саломэ Зурабишвили исы бæстæйæн знаггадгæнæг уынаффæтæ.
Акцийы хайадисджытæ куыд райхъусын кодтой афтæмæй, акцитæ фидæны дæр адарддæр кæндзысты.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили 27 августы, Майрæм Куадзæны рухс бæрæгбонмæ гæсгæ, 34 ахæстæн ныххатыр кодта, сæ нымæцы уыдысты марындзинадæн тæрхонмæ лæвæрд æртæ гоймаг æмæ иу та агуырды уæвæг.