Фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй Габоны скъæфт гуырдзиаг наудзогтæ сæрибар сты
Фæсарæн хъуыддæгты министрады, Хуссар Африкæйы Гуырдзыстоны минæварады æмæ денджызон транспорты агентады тыхархайды фæстиуæгæн, 21 майы гуырдзиаг наудзогты уацарæй ссæрибар бантыстис – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд информацийы дзырдæуы.
Уагдоны хуъсинагæй, уыдонæн медицинон басгæрст цæуы Нигерийы æмæ сæ æнæниздзинады уавæр æвæрццаг у.
«Наудзогтæ фыдыбæстæмæ æввахс бонты æрыздæхдзысты. Сæ балц куыстдæттæг компани сифтонг кæндзæн. Гуырдзиаг наудзогтæ Централон Африкæйы, Габоны территорион дæтты, рейдыл лæууæг Маршалы Сакъадахты тырысайы бын ленкæнæг науæй 2 май2ы аскъæфтой. Уый фæстæ Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Хуссар Африкæйы Гуырдзытсоны минæварад æмæ денджызон транспорты агентадæ æнæаскуынгæ режимæй куыстой Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн баххуыс кæнынæн. Хуссар Африкæйы Гуырдзыстоны консул иудадзыг контактыл уыд афтæдæр преториайы Габоны минæварады æмæ куыстдæттæг компанийы минæвæрттимæ. Гуырдзиаг наудзогты уацарæй 21 майы ссæрибар кодтой» – дзырдæуы уагдоны ахæлиугонд информацийы.