Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Тбилисæй Минскмæ знон минæвар атахтис
Белорусы Республикæмæ цæугæ азы 16 августы, Гуырдзыстонæй сæххæст авиарейсы тыххæй, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад ахæлиу кодта информаци.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы банысангонд куыд у, уымæ гæсгæ, Белорусы Республикæйы Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар, 6 августæй уыд Гуырдзыстоны, фæстаг бонты Белорус Республикæйы айтынггонд фæзындты тыххæй, æнæмæнгхъæугæ ссис йæ æрыздæхын Минскмæ.
«Уый тыххæй, цæмæй Белорусимæ арæнгонд у уæлдæфон змæлд æмæ æнæмæнгхъæугæ уыд минæвары цыбырдæр æмгъуыдтæм Минскмæ ныццыд, ист æрцыд уынаффæ йæ визит хицауадон хæдтæхæгæй сæххæст кæнын тыххæй.
Белорусы Республикæ у Гуырдзыстоны хæлар бæстæ, кæцыимæ нын ис æнгом æмгуыстад куыд дыууæ фарсон форматы, афтæ Хурыскæсæн Партнерады инициативæйы фæлгæтты. Уый тыххæй дæр лæмбынæг нæ хъус дарæм куыд айтынг уыдзысты фæзындтæ. Фæнысангонд фарсты фæдыл нын ис интенсивон координаци нæ партнертимæ.
Нæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæмæнгхъæугæ у Белорусы проблемæтæ сабырадонæй алыг кæнын. Ныфс нæ ис белорусаг адæм сæрмагонд фидæны ахсджиаг фарстатæ йæхæдæг сабырадонæй аскуыддзаг кæндзæн», – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийы.