Фæсарæн хъуыддæгты министрад Китайимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлды скусын кæныны фæдыл официалон информаци публикаци кæны
Фæсарæн хъуыддæгты министрад Китайимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлды скусын кæныны фæдыл официалон информаци публикаци кæны

2024 азы 28 майæ йæ тыхм хизы «Гуырдзыстоны хицауады æмæ Китайы Адæмон Республикæйы хицæуæдты æхсæн  ординалон паспортты хицæутты визон домæнтæй дыууæфарсонæй  ссæрибар кæныны бадзырд».

Фæнысангонды фæстиуæгæн Гуырдзыстоны  æмбæстгæтæн  нырид 28 майæ  уыдзæн фадат  æнæвизæйæ  балц кæной Китайы Адæмон Республикæмæ æмæ   баззайæд  бæстæмæ бахызыны фæстæ  иухаттонæй  30 боны.  Зæрдыл бадарын хъæуы  уый  æмæ  Гуырдзыстоны æмбæстагæн  Китаймæ æнæвизæйæ  балцы æмæ бæстæйы уæвыны  æмгъуыд  ма хъуамæ уа  90 бонæй  фылдæр кæцыфæнды 180 бонон  периоды.  Китайы Адæмон  Республикæйы  Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæвизæйæ  уæвыны   æмгъуыд  нæ адарддæр уыдзæн,  гуманитарон  нысæнтты æмæ форсмажорон аууæлттæй  цух.

Бадзырд не æххæссы Гуырдзыстоны  уыцы æмбæстæгтæм, кæцытæ  план кæнынц Китайы Адæмон Республикæйы  территорийыл базайын  30 бонæй  фылдæр рæстæджы дæргъы, кæнæ цæрын, кæнæ кусын райдайын, ахуыр, кæнæ  медиафæрæзы  кусын, кæнæ æндæр типы  куыст кæнын, кæцыйæн  хъæуы  Китайы Адæмон Республикæйы  æмбæлгæ  оргæнтæй  рагафон барлæвæрд.  Ахæм цауы  Гуырдзыстоны  æмбæстаг хæсджын у  балцы агъоммæ  райса æмбæлгæ  категорийы визæ.

Китаймæ  балц кæнын кæй фæнды уыдон хъуамæ сæ зæрдыл бадаой:  КИтайы АДæмон Республикæйы  паддзахадон арæныл ахыизыны  рæстæджы  сын семæ хъуамæ уа: паспорт, кæцыйы архайыыны  æмгъуыд  хъуамæ  уа Китайы  уæвыны периодæй 6 мæййæ  фылдæр, фысымуаты рагахст æмæ бæлццонон  фæдзæхсын. Банысанкæнинаг у, цæмæй афтæ куыд æндæр бæстæты  арæнхъахъхæнæг офицермæ ис бар  иугоймагонæй  рахæсса  уынаффæ  гоймагы  бæстæмæ  бауадзыны тыххæй.

Китайы Адæмон Республикæйы  территорийыл арæнгонд у æндæр æмæ æндæр социалон æмæ мобилон платформæйæ пайда кæнын.

Бæстæйы уæрæх ахæлиугонд у  электронон фидыны  системæтæ – Alipay, WeChat Pay. Уыимæ Weсhat Pay-ыл электронон чыссæ баххæс кæнын  гæнæн ис  æрмæст китайаг  банкон  картæйæ, æрмæст Alipay-ы баххæст кæнын гæнæн ис  кæцыфæнды  фæсарæйнаг картæйæ дæр.

Китайы Адæмон Республикæйы барадсасты цауы, Гуырдзыстоны æмбæстаг дæлбар у  Китайы закхондæттынады нормæты.  Гуырдзыстоны консулон куыст  æмбæстагæн баххуыс кæндзæн   закхонæй  лæвæрд  æххæстбарты фæлгæтты.

Китайы Адæмон Республикæйы тобæгонд у æфсæддон, хицауадон æмæ  специалон нысаниуæгы  бæстыхæйтты  фото-видео айст, кæд уый рагафон разыгонд нæу æмбæлгæ  куыстимæ.  Банысанкæнинаг у, цæмæй бадзырд «Гуырдзыстоны æмæ  Китайы хицæуæдты  æхсæн  ординалон паспортты хицæутты визон домæнтæй  ыууæфарсонæй  ссæрибар кæныны фæдыл» къухæвæрд уыд2024 азы 10 апрелы.

Документыл къух бафыстой  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили  æмæ Китайы Адæмон Республикæйы  минæвар Гуырдзыстоны, Чъоу Циен.