Фæллой кæныны нысанæй, Германимæ цæуæггæгты фыццаг къада Гуырдзыстонæй сом ацæудзæн
Германимæ фæлоой кæныны нысанæн цæуæггæгты – фыццаг къада – 20 адæймаг Гуырдзыстонæй сом абалц кæндзæн. Уый фæдыл оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрады кусæн миграцийы фарстæты уагдоны хистæр Гиорги Бунтури фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Бунтурийы дзырдæй, абоны уавæрæй, Германийы легалонæй фæлоой кæныны нысанæн регистраци Гуырдзыстоны ацыд 98 000 адæймаг.
«Тынг активонæй цæуы равзæрсты æмæ фембæлдты процесс, æмæ ныридæгæн Германимæ бæрæг нымæцæй адæймæгты номхыгъд дæр у æрвыст, уый уыдзæн хъæууон хæдзарады къабазы куыст. Параллелонæй æндæр ваканситæм гæсгæйæ, ацы процесс адарддæр уыдзæн æмæ æнæаскъуынгæ режимы ацæудзысты нæ æмбæстæгтæ. О æгæр стыр нæм кæсы ацы нымæцы 98000, фæлæ реалонæй, фæллой кæнын кæй фæнды ахæмты нымæц бирæ къаддæр у. Уый нын равдыста практикæ фембæлдты этапыл» – арйхуъсын кодта Гиорги Бунтури.