Евросоветы парламентон ассамблей, Уæрæсемæ æрсидтис, оккупацион хаххы дæргъмæ аразгæ барьерты монтажы æнæаргъæйæ бауромынмæ
Евросоветы парламентон ассамблей йæ фарс рахæцыд Гуырдызстоны делегацийы инциргонд ивдтытæн, кæцытæм гæсгæ дæр, ассамблей Уæрæсемæ æрсидтис оккупацион хаххы дæргъмæ телдтæй æмбондты монтажы æмæ аразгæ барьерты айтындзыны æнæаргъæвгæйæ бауромын æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитеты æрдæм хъæддых фарсхæцын бæлвырд кæны. Информацийы хæлиу кæны Гуырдзыстоны парлам енты пресс-куыст.
РЕзолюцимæ гæсгæ, ассамблей мæстыдзинад æвдисы Цхинвалы регионы Уæрæсейы уыцы æнæзакъонон архæйдтыты тыххæй, кæцыты нысан у, Атъоцы хъæуы цур, оккупацион хаххыл аразгæ барьерты айтындзын.
«Æнæаргъæвгæйæ урæд æрцæуа телтæй æмбондты æмæ аразгæ барьерты монтаж Абхаз æмæ Цхинвалы регионы оккупацион хаххы дæргъмæ æмæ æрцæуа æхсæнадæмон барады нормæты æмæ принципты хъахъъхæд. Уымæ гæсгæ ассамблей фæстæмæ бæлвырд кæны йæ хъæддых æнцойад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм, йæ æхсæнадæмонæй нымад арæнты»- дзырдæуы документы.
Гуырдзыстоны парламентон делегацийы æрцæттæгонд ивдтытæ æмхъæлæсонæй райста Евросоветы парламентон ассамблей.
«Ассамблейы æмхъæлæсонæй йæ фарс рахæцыд Гуырдзыстоны делегацийы иницргонд ивдтытæн, кæцы нæ бæстæйæн иттæг вазыгджын процессы – цæугæ оккупацийы æмæ аразгæ барьерты монтажмæ æххæссы. Ивгъуыд азы Атъоцы хъæуы уымæ гæсгæ æрцыд иттæг хъыгаг факт æмæ Евросоветы парламентон ассамблей растдæр уый фæдыл дзырдта. Ассамблей æрсидтис Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ фæурома ахæм архæйдтытæ æм æххæст фундаментон барты халын, куыд евросоветы уæнг паддзахад» – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.
Гуырдзыстоны парламенты сæрдары фыццаг хæдивæгы дзырдæй, фæнысангонд резолюцийы райстæй, евросовет ноджы иу хатт сфиксир кодта сæрмагонд ахаст нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинады фарстайы æрдæм.
«Ацы фидиуæн нысаниуæгджын у, уымæн æмæ ацы резолюцийæ, евросоветы парламентон ассамблея æмæ æнæхъæнæй евросовет ноджы иу хатт фиксир кæны сæрмагонд ахаст Гуырдзыстоны оккупацийы проблемæйы æрдæм. Афтæдæр ноджы иу хатт фиксир кæны йæ ахаст нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинады æрдæм. Сæйраг у, алы резолюци æмæ документ, кæцы Гуырдзыстоны тыххæй уыдзæн æмæ махы æрдæм уæвæг иугъæдон политикъон æнцойад, фидæны айрæза архæйдытытæм»- райхъусын кодта евросоветы парламентон ассамблейы гуырдзиаг делегацийы къухдариуæггæнæг.