Евросоветы парламентон делегацийы къухдариуæггæнæг - Курæг стæм  гуырдзиаг политиктæй  æмæ  ног парламентæй, цæмæй  куыд гæнæн ис  афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ  райдайæт кусын
Евросоветы парламентон делегацийы къухдариуæггæнæг - Курæг стæм гуырдзиаг политиктæй æмæ ног парламентæй, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ райдайæт кусын

Курæг стæм  гуырдзиаг политиктæй  æмæ  ног парламентæй, цæмæй  куыд гæнæн ис  афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ  райдайæт куыст – райхъусын кодта,  Евросоветы  парламентон делегацийы  къухдариуæггæнæг, депутат  Тини Кокси, кæцы  Гуырдзыстоны  йæ  цæст дардта  31 октябры парламентон  æвзæрстытæм.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ уыцы  факт,цæмæй Гуырдзыстон  бафæрæзта  ахæм уавæрты  æвзæрстыты организаци скæнын, æвдисы цæмæй   демократийæ нæ тæрсы.

«Ацы парламентон æвзæрстытæ æмтгæй  райсгæйæ  уыдысты сæрибар, фæлæ  мах, Евросоветы  парламентон ассамблей,  хъыгдзинад  æвдисæм, цæмæй   уæ  бæстæйы  уæддæр нæу кæронмæ  дзæбæх бавдыст   рухсдзыд уагæвæрд  ацы  кампанийы  финансдзинады æмæ  æнарæн  финансдзинады æрдгæй.  Уый цæй зæгъын æй хъæуы,   æппæрцагæй  æндавы  æвзæрстыты   рæстагдзинадмæ  æмæ дзæбæх сигнал нæ дæтты  уæ æмбæсæтгтæн. Уымæ æмбæлгæйæ  дæр,  курæг стæм  гуырдзиаг политиктæй  æмæ  ног парламентæй, цæмæй  куыд гæнæн ис  афтæ рæхджы æрымбырд уой æмæ  райдайæт куыст, цæмæй  фæхуыздæр  кæной  закондæттæн фæлгæт,  кампанитæм цæстдарынады æрдгæй.  Уырнæг дæр, цæмæй  цы  бахъæуа  алцыппæт  сырæздзæн, кæд дзы  уый  политикон фæнд  уыдзæн уæд» – райхъусын кодта Тини Кокси.