Евросоветы  парламентон ассамблейы  фæззыгон сессийыл Гуырдзыстоны евроинтеграцийы фарсхæцæг фидиуæнтæ сырæзт
Евросоветы парламентон ассамблейы фæззыгон сессийыл Гуырдзыстоны евроинтеграцийы фарсхæцæг фидиуæнтæ сырæзт

Евросоветы парламентон ассамблейы   фæззыгон   сессийыл  Гуырдзыстоны  Евроинтеграцийы  фарасхæцæг фидиуæнтæ  сарызтой.

Украинайы  парламенты уæнг  Сергей Соболев  дзырдæй ралæуды рæстæджы  куыд райхъусын кодта атæмæй,    зæгъгæ нæй гæнæн  уый бамбарын, куыд уыдзысты Европæ æмæ Евроцæдис, ахæм бæстæтæй  цух,  цахæм дæр сты Украина, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ.

«Нысаниугджын у  бамбарæм, цæмæй  куыд нæ й гæнæн,  куыд уыдзысты Европæ æмæ Евроцæдис  ахæм сæрибар нацитæй  цух, цахæмдæр сты Балканты бæстæтæ, сæ нымæцы  Косово. Уыйимæ  зынæмбарæн  у  куыд уыдзысты Европæ æмæ евроцæдис  ахæм бæстæтæй  цух, цахæмдæр сты Украина, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон. Ай тынг  дзæбæх  фадат у  уый ахъуыды кæнынæн, цæмæй иу науы стæм,   демократийы науы æмæ ацы нау  хъахъхъæд хъуамæ уа, æнæрмæст экономикон   методтæй, фæлæ ма æфсæддон методтæй дæр» –   райхъусын кодта Сергей Соболев.

Уыимæ Румынийы Социал-Демократон партийы  уæнг Титус Колратеану  банысан  кодта, «Ауæрæхы процесс Евроцæдисæн кæддæриддæр уыдис  стыр актив».

«Афтæ уыд  Европæйы  централон æмæ  хурыскæсæны раздæры  коммунистон   бæстæты  цауы, афтæ  у ныр дæр  æндæр æм æндæр    хурыскæсæйнаг партнер бæстæты цауы,  цахæмдæр сты Украина, Молдовæ æмæ  ныфс мæ ис афæдзы  кæронмæ уыдзæн Гуырдзыстон дæр.  Уый æнæмæнгæй  афтæ хъуамæ  уа,  фæлæ æнæрмæст европаг   перспективæ бацамындæй, фæлæ  хъуамæ спайда кæнæм æмбæлгæ  ныхæстæй» –  банысан кодта Титус Колратеану.

Евросоветы  парламентон ассамблейы  сессийыл  дзырдæй ралæууыд   афтæдæр Францы  сенаты  сенатор, центристон  цæдисы  къорды  уæнг Клод Керни. Уый банысан кодта,ц æмæй   ноджы иу  хатт  хъæддых  хъуамæ сбæлвырд уа  Европаг перспективæ  ныгуылæн балканты  бæстæтæн, евроцæдисы уæнгсуæвынимæ баст зындзинæдтæм нæкæсгæйæ.

«Афтæ у  Украина, Молдовæ æмæ  ныфс дарын  иу бон Гуырдзыстонмæ  дæр баххæсдзæн, фæлæ  уæнгсуæвыны  раззаг  этап  у скуыддзаггæнæг, кæд нæ фæнды, нæхи аиуварс кæнæм  нысаниуæгджын  системон  проблемæтæй  евроцæдисы» –  райхъусын кодта Клод Керни.