Медиайы хъусинагæй, Евросоветы парламентон ассамблейы резолюцийы, Уæрæсе нымад у  террористон режимыл, ассамблей афтæдæр  домы Уæрæсейæ йæ æфсæдтæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæ акæнын
Медиайы хъусинагæй, Евросоветы парламентон ассамблейы резолюцийы, Уæрæсе нымад у террористон режимыл, ассамблей афтæдæр домы Уæрæсейæ йæ æфсæдтæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæ акæнын

Евросоветы парламентон ассамблей  райста резолюци, кæцыйы мидæг  Уæрæсе паддзахадон террористон  режимыл нымад  æрцыд.

Медиайы хъусинагæй,   æмбæлгæ документæн схъæлæс кодтой 99 депутат, иу йæхи фæурæдта. Резолюцийы   номхуынд у «Украинайы  ныхмæ Уæрæсейы агрессийы радон эскалаци».

Документы мидæг дзырдæуы, цæмæй Уæрæсейы агресси  бафауын хæъуы, куыд фыдракæнд, æхсæнадæмон   барадсаст æмæ  сæйраг тас æхсæнадæмон сабырдзинад æмæ  æдасдзинадæн.

Евросоветы парламентон ассамблеæ æрсидтис Уæрæсемæ, æнæаргъæвгæйæ æмæ æнæуæлдайныхасæй  бауромæт  Украинайы  ныхмæ агресси, æххæстæй æмæ  æнæуæлдайныхасæй  акæнæт йæ  оккупацион тыхтæ  Украинайы æхсæнадæмонæй нымад территорийæ.

Афтæма,  ассамблейы  уæнгтæ  домынц Уæрæсейæ, акæнæт  йæ  тыхтæ  Гуырдзыстонæй æмæ  Молдовæйæ.  Уыимæ ассамблейы æрсидтис OSCE-мæ, адарддæр кæнæд  æмбæлгæ  инструменттæй  Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы ныхмæ  Уæрæсейы  агрессийæн аргъ дæттын.  Депутаттæ  домынц  Уæрæсейæ,  ныууадзæт  атомон хæцæнгарзæй  æртхъирæнтæ æмæ райсæт йæхим атомон  хæцæнгразæй æнæспайдайы фæдыл  хæсист, афтæма ныууадзæн   энергоресусртæй   шантажы мæцъистæй  пайда кæнын.

Уымæй уæлдай ма,  парламентон ассамблей æрсидтис Евросоветы уæнгтæм,  батагъд кæной  специалон  æхсæнадæмон   трибуналы  бакуыст  Украинайы ныхмæ  агрессийы  фыдракæндты фæдравзарынæн.