Евросоветы парламентон ассамблей,  Уæрæсемæ æрсидтис, оккупацион хаххы дæргъмæ  аразгæ  барьерты монтажы æнæаргъæйæ  бауромынмæ
Евросоветы парламентон ассамблей, Уæрæсемæ æрсидтис, оккупацион хаххы дæргъмæ аразгæ барьерты монтажы æнæаргъæйæ бауромынмæ

 

Евросоветы   парламентон  ассамблей  йæ  фарс рахæцыд  Гуырдызстоны делегацийы инциргонд ивдтытæн, кæцытæм  гæсгæ дæр,  ассамблей  Уæрæсемæ æрсидтис оккупацион  хаххы дæргъмæ  телдтæй  æмбондты монтажы æмæ  аразгæ барьерты   айтындзыны  æнæаргъæвгæйæ   бауромын æмæ  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад  æмæ суверенитеты  æрдæм  хъæддых  фарсхæцын  бæлвырд кæны.  Информацийы   хæлиу кæны  Гуырдзыстоны  парлам енты пресс-куыст.

РЕзолюцимæ гæсгæ,   ассамблей   мæстыдзинад æвдисы   Цхинвалы  регионы  Уæрæсейы  уыцы  æнæзакъонон архæйдтыты  тыххæй,   кæцыты нысан у,  Атъоцы  хъæуы цур, оккупацион хаххыл   аразгæ  барьерты  айтындзын.

«Æнæаргъæвгæйæ  урæд æрцæуа  телтæй æмбондты  æмæ аразгæ  барьерты  монтаж  Абхаз æмæ  Цхинвалы  регионы оккупацион хаххы   дæргъмæ  æмæ  æрцæуа   æхсæнадæмон   барады нормæты æмæ   принципты  хъахъъхæд.  Уымæ  гæсгæ ассамблей  фæстæмæ бæлвырд кæны  йæ  хъæддых  æнцойад   Гуырдзыстоны суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинады æрдæм,  йæ  æхсæнадæмонæй нымад арæнты»- дзырдæуы  документы.

Гуырдзыстоны  парламентон   делегацийы æрцæттæгонд ивдтытæ   æмхъæлæсонæй  райста Евросоветы парламентон ассамблей.

«Ассамблейы æмхъæлæсонæй   йæ фарс рахæцыд  Гуырдзыстоны делегацийы иницргонд  ивдтытæн, кæцы  нæ бæстæйæн иттæг  вазыгджын процессы – цæугæ  оккупацийы æмæ  аразгæ барьерты  монтажмæ  æххæссы.  Ивгъуыд азы  Атъоцы  хъæуы  уымæ гæсгæ   æрцыд  иттæг  хъыгаг  факт æмæ Евросоветы  парламентон ассамблей  растдæр  уый  фæдыл дзырдта.  Ассамблей æрсидтис  Уæрæсемæ,  æнæаргъæвгæйæ   фæурома  ахæм архæйдтытæ  æм   æххæст фундаментон  барты  халын,  куыд  евросоветы уæнг паддзахад» –  райхъусын кодта  Тамар  Чугошвили.

Гуырдзыстоны   парламенты  сæрдары   фыццаг хæдивæгы дзырдæй,   фæнысангонд  резолюцийы  райстæй,   евросовет  ноджы иу  хатт сфиксир кодта  сæрмагонд ахаст  нæ бæстæйы  территорион æнæхъæндзинады   фарстайы  æрдæм.

«Ацы фидиуæн нысаниуæгджын у,   уымæн  æмæ   ацы  резолюцийæ, евросоветы  парламентон ассамблея  æмæ   æнæхъæнæй  евросовет ноджы иу  хатт   фиксир кæны сæрмагонд  ахаст Гуырдзыстоны  оккупацийы   проблемæйы  æрдæм.  Афтæдæр ноджы иу хатт фиксир кæны  йæ ахаст нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинады  æрдæм. Сæйраг у, алы резолюци æмæ  документ,  кæцы  Гуырдзыстоны тыххæй  уыдзæн  æмæ  махы æрдæм  уæвæг  иугъæдон  политикъон æнцойад, фидæны айрæза архæйдытытæм»- райхъусын кодта  евросоветы  парламентон ассамблейы  гуырдзиаг делегацийы  къухдариуæггæнæг.