Европарламенты политикон къордты лидертæ сидынц Евроцæдисы советмæ – Сидæм паддзахадты æмæ хицауадты сæргълæуджытæм, цæмæй рахæссæд уынаффæ Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны куырдиæттыл
Европарламенты политикон къордты лидертæ Евроцæдисы советы уæнгтæм иумæйаг куырдиатæй раздæхтысты.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, политикон къордты лидертæ сидынц паддзахадты æмæ хицауадты сæргълæуджытæм, кæцытæ 23-24 июны æрымбырд уыдзысты, рахæссой уынаффæ Украинайы, Молдовæйы Республикæ æмæ Гуырдзыстоны куырдиатыл, Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл.
«Мах, европарламенты политикон къордты лидертæ, курæг стæм паддзахадты æмæ хицауадты сæргълæуджытæй, кæцытæ 23-24 июны æрымбырд уыдзысты, рахæссой уынаффæ Украинайы, Молдовæйы Республикæ æмæ Гуырдзыстоны куырдиатыл, Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл. Евроцæдис хъуамæ равдисæт æндиуддзинад, хъæддыхдзинад æмæ дардыл хъуыдыкæнынхъомад абоны контексты, нæ европаг сыхагы Украинайы ныхмæ æбуалгъ агрессвон хæсты æмæ фæфыддæргонд æхсæнадæмон ситуацийы уавæрты. Евроцæдис хъуамæ уа æууæнкаг партнер æмæ нæфæсайгæ геополитикон актор, кæцы хъахъхъæны йæ принциптæ æмæ аргъдзинæдтæ, солидарондзинад æвдисгæйæ уыдонмæ чидæриддæр разы у ацы идеалтимæ.
Украинайы æмбæстæгты фæнды цæрын сæрибар, демократон æмæ дидинæфтыд бæстæйы, кæцы у Европаг бинонты аккаг æмæ иузæрдыг уæнг. Нымадмæ исæм, цæмæй ацы тырнынадтимæ разы у Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы адæм æмæ Ныгуылæн Балканты бæстæтæ, кæцыты æнхъæлцытæ ма хъуамæ фæмæнг уа. Ратсдæр уый тыххæй, нæ хъæддых сидт сымахмæ у, ома раттут Евроцæдисы кандидаты статус Украинайæн æмæ Молдовæйы Республикæйæн Евроцæдисы фæдыл бадзырды 49-æм статимæ гæсгæйæ, куыд сгуыхтдзинадыл бындурæвæрд процессы райдайæн æмæ бакусыт Гуырдзыстонæн дæр уыцы статус раттыныл, гуырдзиаг адæмы легитимон тырнынад сыххæст кæнынæн. Иурæстæгонæй уын бакой кæндзыстæм, цæмæй ныгуылæн Балкантæм гæсгæ Евроцæдисы дæргъвæтин хæсист йæ тыхы ис», – дзырдæуы фидиуæны.