Роберта Меццолла – цæттæ кæнæм Евроцæдисы ауæрæхмæ, адæм нæм кæсынц Гуырдзыстоны, Украинайы, æмæ Молдовæйы, цæттæ хъуамæ уæм, цæмæй сæм Европæйы къух раттæм
Европарламенты президент Роберта Меццолла йæ постмæ дыккæгæм хатт сывзарыны фæстæ парламенты уæнгтæм раздæзт.
Уый фæныхас кодта иудзинад æнæмæнгхъæугæ кæй у уый фæдыл, цæдистæ ауæрæхдæр кæныныл æмæ ацы контексты Гуырдзыстоны кой дæр ракодта.
«Зынаргъ коллегæтæ, европæгтæ, бузныг уын уе æвзæрсты тыххæй. Æрвылбойнонæй кусдзынæн уый тыххæй, цæмæй фæраст уын кæнон сымахæн æмæ парламентæн уæ æнхъæлцытæ. Мах иумæ хъуамæ слæууæм ныфсы политикæйы тыххæй æмæ бæллиццы тыххæй, кæцы у Европæ. Цæттæ кнæм Евроцæдисы ауæрæхдæр кæнынмæ, адæм нæм кæсынц Украинайы, Молдовæ æмæ Гуырдзыстоны æиæ Ныгуылæн Балканты, кæцытæн стыр рæстæджы дæргъы размæцыдыл нæйы дзырдтам. Мах хъуамæ уæм цæттæ, раттæм сын Европæйы къух, уымæн æмæ алы бæстæ фæцæуы сгуыхтдзинады бындурæвæрд сæрмагонд фæндагыл, кæцы хъахъхъæны æнæмæнг критеритæ. Цæттæ хъуамæ уæм, ног дуне æмæ реалондзинадмæ», – райхъусын кодта Роберта Меццолла.
Роберта Меццоллайы Европарламенты президентæй дыккæгæм æмгъуыдæй цъус рстæг размæ сывзæрстой.