Европарламенты æртæ уæнгы расидæн – ныфс дарæм, цæмæй фæсæвзæрстыты период сабырадон уыдзæн, æвæстиат къахдзæфтæ сырæздзæн, цæмæй Гуырдзыстон Евроцæдисы фæндагмæ æрыздæха
Гуырдызстонæн уый у æскъуыддзаггæнæг момент – дзырдæуы Европарламенты æртæ уæнгы расидæны.
Расидæны автортæ сты Европарламенты æттаг ахастыты комитеты сæрдар Давид МакАллистер, Цæгат Кавказимæ æммахастыты делегацийы сæрдар Нильс Ушаковс æмæ Евронесты парламентон ассамблейы делегацийы сæрдар Сергей Лагодинский.
Расидæны куыд банысангонд у афтæмæй, ныфс ис, цæмæй фæсæвзæрстыты период уыдзæн сабырадон, демокративон æмæ æвæстиат къахдзæфтæ сырæздзæн, цæмæй Гуырдзыстоны æрыздахой Евроцæдисы фæндагмæ.
«Сабаты, 26-æм октябры Гуырдзыстоны тынг поляризацигонд æмæ æндыгъд æвзарæнон кампанийы фæстæ æмæ бæстæйы демократон фæстæмæздæхты тыххæй тыхстдзинады рæстæджы уагъд æрцыдысты парламентон æвзæрстытæ. Гуырдзиаг адæм ноджы иу хатт равдыстой сæ æнувыддзинад æмæ æнæфæцудгæдзинад демократимæ æрмæст массон хъæлæс кæныны барæй спайда кæнгæйæ нæ, фæлæ ма ацы æвзæрстытæм цæстдард æмæ фæткхæлдтыты фæдыл активон хайадистæй дæр. ЕÆÆО-йы демократон институтты æмæ адæймаджы барты фæдыл офисы (ODIHR) æхсæнадæмон цæстдарæн миссийы развæлгъау аргълæвæрдмæ гæсгæ (кæцыйы сконды уыд Европарламенты æвзæрстыты цæстдарæн делегаци), ацы æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты æвзарæгты æлхъывдады, æнæбæрц уавæрты, поляризацигонд медийы тыххæй хъусынгæнинæгты рæстæджы алфамбылай æмæ политикон инструментализаци. Æппæтадæмон цæстдарджыты фиксиргонд закъонхæлдтыты æхсæн уыдысты тыхмийы цаутæ, æвзарджыты æхца райсын, дывæр хъæлæс кæнын, медийы æмæ цæстдарджыты ацæуын, æвзарæн хайæдты мидæг æмæ æддейæ æвзарæгты тæрсын кæнын. Æппæт хъусынгæнинаг хæлдтытæ хъуамæ æрцæуой раиртæст æмæ æрцæуой æмбæлон хъасты процедурæтæм гæсгæ æнæ æнæхъуаджы фæстиатæй. Гуырдзыстонæн уый у æскъуыддзаггæнæг момент.
Уый уыд фыццаг æвзæрстытæ, 2023 азы бæстæйæн Евроцæдисы кандидаты статус куы лæвæрд æрцыд, уæдæй фæстæмæ, процесс, кæцы æцæгæйдæр æрлæууыд фæсарæйнаг агентты тыххæй закъоны райсты фæстæ. Гуырдзиаг адæм æппынæдзух æвдисынц, цæмæй сæ фæнды Евроцæдисы демокративон Гуырдзыстон. Ныфс нæ ис, цæмæй æвзæрстыты фæстæ период уыдзæн сабырадон, демокративон, æмæ æвæстиат къахдзæфтæ сырæздзæн, цæмæй Гуырдзыстон æрыздæха Евроцæдисы фæндагмæ, гуырдзиæгты бæллицтæм гæсгæ. Дарддæр кæндзыстæм цæстдард Гуырдзыстоны æрцæугæ цаутæм æмæ æххуыс кæндзыстæм демократион институтты фæтыхджындæр кæнынæн, сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстыты сифтонг кæнынæн, закъоны уæлдæрдзинад æмæ адæймаджы барты фæтыхджындæр кæнынæн. Мах цæттæ стæм баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн ацы критикон периоды ахизынæн æмæ бакусæм, цæмæй æппæт æмбæстæгтæн уа демокративон, дидинæфтыд фидæн», -ис фыст фидиуæны.