Уæрæсе æнæхъæнæй тобæ кæны карантины уæвæг продукцийы импорт Сомихстонæй
Уæрæсе æнæхъæнæй тобæ кæны карантины уæвæг продукцийы импорт Сомихстонæй

Уæрæсе æнæхъæнæй тобæ сæвæрдта карантинон продукцийы импорт Сомихыстонæй. Номхыгъды ис дæсгай продукттæ, уыцы нымæцы халсартæ, дыргътæ, гагадыргътæ, нæмгуытæ æмæ къофи.

Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды федералон службæ арæнæвæрд кæны æппæт карантинон продукттæ Уæрæсемæ ласын, афтæ ма сæ транзит Евразиаг экономикон цæдисы æндæр уæнг бæстæты уылты.

Уагдоны информацимæ гæсгæ, карантины объекттæ (зианхæссæг æмæ низтæ) системон æгъдауæй рабæрæг вæййынц Сомихыстонæй ласт продуктты, æмæ кæд æмæ сомихаг фарсы æрдыгæй фæдзæхстытæм æнæкæсгæйæ, ацы проблемæ нырма æрбæстон нæу.