Европаг Совет – Сомихыстон-Азербайджаны арæны дæргъмæ цæстдарджытæ рæстæгмæ æрвыст уыдзысты Гуырдзыстоны кусæг миссийæ, мисси мазæлттæ скæндзæн, цæмæй уый ма фæзына Гуырдзыстоны мониторингыл
Европаг Совет, Сомихыстонмæ, Азербайджаны арæны дæргъмæ, Евроцæдисы 40 цæстдарæгы арввитын фæдыл уынаффæ рахаста регионы уавæры мониторингы, анализы æмæ хæгъдлæвæрды тыххæй. Фæнысангонд уынаффæ, Совет 6 октябры Азербайджаны президент Ильхам Алиевы, Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашиняны, Францы президент Эммануэль Макроны æмæ европаг Советы президент, Шарль Мшелы цыппарфарсон фембæлды фæстæ рахаста.
Советы уынаффæмæ гæсгæйæ, арæны дæргъмæ цæстдарджыты æрлæууын кæнынæн йæ нысан у районы сабырдзинады æмæ æдасдзинад сæндидзын кæныны, æууæнк сфидар кæныны æмæ дыууæ фарсы æхсæн æхсæнадæмон арæны делимитаци.
Евроцæдисы цæстдарджыты цырдæй æрлæууын кæнынæн, Европаг Совет ахицæн кодта, цæмæй Сомихыстон-Азербайджаны арæны дæргъмæ, цæстдарæг экспертты рæстæгмæ арвита Гуырдзыстоны кусæг евроцæдисы цæстдарæг миссийæ. Евроцæдисы цæстдарæг мисси оперативон мадзæлттæ скæндзæн, цæмæй уый ма фæзына Гуырдзыстоны миссийы мониторингы фадæттыл.