Европæйы  Советы министрты комитет депортацигондты хъуыддагыл Уæрæсейæн хæслæвæрд сыххæст кæнынæн кæройнаг  æмгъуыд  сбæрæг кодта
Европæйы Советы министрты комитет депортацигондты хъуыддагыл Уæрæсейæн хæслæвæрд сыххæст кæнынæн кæройнаг æмгъуыд сбæрæг кодта

Европæйы советы министрты  комитет, кæцы  адæймаджы  барты еропаг  тæрхондоны уынаффæтæ   сæххæсты цæстдарæг у, 2021 азы  7-9 июны рабадтыл  депортацигондты  хъуыддаджы  сыххæсты процессæн аргъ скодта æмæ  уынаффæ рахаста.

Юстицийы министрады информацийæ,   уынаффæмæ гæсгæйæ,  комитет  Уæрæсейæн сбæрæг кодта  кæройнаг æмгъуыд, цæугæ азы  6 сентябр, цæмæй ацы  æмгъуыдмæ  сæххæст уа  компенсацийы бафыст  комкоммæ Гуырдзыстоны хицауадæн (цæмæй зианбазарджытæ райуæрст уа), кæнæ Уæрæсейæ къухдбафыст уа  меморандум, цæмæй гæнæн бауа  компенсацийы  бафидын Европæйы Советы фæрцы.

«Страсбургы  тæрхондоны стыр палатæ  а.х. депортацигондты  хъуыддагыл  уынаффæ 222019  азы 31  январы   рахаста.  Уынаффæмæ  гæсгæйæ,   Уæрæсе  хæсджын у, Гуырдзыстоны падздахадæн, куыд хъастгæнæг фарсæн,  бафида 10 милуан Евройы  бæрц  моралон компенсаци  уыцы  зианбаййафджытæн байуарынæн, кæцытæ 2006  азы  фæззæджы  Уæрæсейы  Федерацийæ  массон  депортацийы æмæ адæймаджы барты  гуырымыхъхъ  хæлды  амæттаг фесты» –  хъусын кæнынц юстицийы  министрады.