Европæйы Реконструкци  æмæ Рæзынады  Банк Уæрæсе æмæ Белорусæн проекттæ финансдзинад уромы
Европæйы Реконструкци æмæ Рæзынады Банк Уæрæсе æмæ Белорусæн проекттæ финансдзинад уромы

Европæйы  реконструкцийы  æмæ рæзынады банкы директорты  совет Украинмæ лæбурды тыххæй, Уæрæсе æмæ Белорусы ныхмæ  карз мадзæлттæ райста.

Советы фидиуæнтæм гæсгæйæ,  Уæрæсейы  Федерацийы æмæ Белорусæн банкы ресурстæ рæувадат мауал хъуамæ уа, кæцы уый нысан кæны, цæмæй  иунæг  бæстæйы  банкы  æрдгæй   нал уыдзæн ног  проектты финансдзинад  кæнæ   ног техникон  æмгуыстад.   Уыимæ  советы æмбарынгæнмæ гæсгæйæ,   банк сæрмагонд æххæстбарты фæлгæтты,  бауромдзæн   кæнæ  аскъуындзæни  нырид уæвæг   проектты финансдзинад.

Банк  нырид райхъусын кодта, цæмæй Мæскуы æмæ Минскы сæрмагонд минæварадтæ æрыхгæды   процессы  уæвы.

«Хъыгаг у, цæмæй  айбæрц азты дæргъы æмгуыстады æмæ  дыууæдæр бæстæйы  куысты  фæстæ рцыдыстæм  ацы  моменты онг,  фæлæ Украинайы хæсты, кæцы райдыдта Уæрæсе,  нал нын ныууагъдта  æндр  фадат, равдыстаиккам  нæ позици  æнæрмæст ныхæстæй.  Афтæма  æнæмæнгхæъугæ  сты архæйдтытæ, цæмæй сæ дыууæ бæстæ дæр дызæрдыг ма кæна, ома нæ аргълæвæрдæй  уыдон  фехæлдтой  уыцы аргъдзинæдт, кæцытæ нысаниуæгджын сты махæн  куыд  институтæн  æмæ æхсæнадæмон  æмгарадæн» – райхъусын кодта  Банкы  президент  Один Рено-Басо.

Уымæй дарддæр ма,  Европæйы реконструкци æмæ рæзынады банкы  диреткорты  советы  информацийæ,  абоны бонма   банкы  концентрацигонд у  2 миллиард  европæйы бæрц  пакет рауæлдай кæныныл Украина æмæ  лигъдæтты  кризисæй  зианбавзарæг регионы æндæр бæстæтæ фæразондзинады æмæ цæрынæн ахсджиаг фæрæзтæй  ифтонгадыл.