Ереваны мэры инициативæйæ,  Сомихыстоны сæйраг горæты цæрджыты, куыстбон сæумæраджы райдаынæн,07:00 сахатыл хъал кæндзæн  музыкæ
Ереваны мэры инициативæйæ, Сомихыстоны сæйраг горæты цæрджыты, куыстбон сæумæраджы райдаынæн,07:00 сахатыл хъал кæндзæн музыкæ

Ереваны мэры инициативæйæ, Сомихыстоны сæйраг горæты  цæрджыты  æмæ  уазджыты, сæумæрайсомы 07:00 сахатыл  хъал кæндзæн музыкæ.

Медийы  хъусинагæй,  уый фæдыл   Грачья Саркисян «Фейсбук»  фарсыл    ныффыста. Йæ дзырдæй   кусæн бон  сæумæрайсомæй  хъуамæ  райдайæт.

«Уырнæг стæм, цæмæй  горæт   сæумæцъæхæй  хъуамæ  райхъал  уа, кусæн бон  хъуамæ райдайæт сæумæраджы.  Амæйфæстæмæ  сæумæрайсомы  07:00 сахатæй,   сахаты мидæг  иу  хатт мэрийы сахаты  айзæлдзæнис  музыкæ    горæты  12-дæр  администрацион  районы» фыссы   Ереваны мэр.

Уымæй  уæлдай ма, Ереваны   æмбæстæгтæн сæ  бон уыдзæн   операæйы  театры  бæстыхайыл   уæвæг   экранæй  базоной  дырыс  рæстæг æмæ уæлдæфы температурæ.