EBRD-ы президенты æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны политикон стабилондзинады нысаниуæг
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Европæйы Реконструкцийы æмæ Рæзынады Банкы (EBRD) президент, Одил Рено-Басоимæ фембæлдис.
Премьер-министры пресс-куысты информацийæ, фембæлдыл, кæцы Глазгойы, ИНО-ы 2021 азы климаты ивды фæдыл 26-æм конференцийы фæлгæтты ацыд, бахха ис Гуырдзыстоны хицауады æмæ EBRD-ы æхсæн уæвæг æнтыстджын æмгуыстад, кæцыйы фæстиуæгæн бæстæйы бирæ нысаниуæгджын проект сыххæстис.
Афтæма сæ информацийæ, EBRD-ы президент бахахх кодта Гуырдзыстоны политикон стабилондзинады нысаниуæг æмæ банысан кодта, цæмæй æвзæрстыты фæуды фæстæ, æнæмæнгхъæугæ у концентраци скæнын рæзынады бонвæткыл.
«Банысан ис, цæмæй EBRD-ы æххуыс абоны онг, цыппар миллиард евромæ ахæццæ ис 250-йæ фылдæр проекты æмæ сегасдæр нысаниуæгджын у, цæмæй портфелы стыр хай, фæхæццæ ис хицæн сектормæ, кæцы нысаниуæгджын æндавы бæстæйы экономикæйы рæзынадыл.
Хъусдард здæхт уыдис, Гуырдзыстоны Европаг интеграцийы фæндагы цæугæ реформæтæм æмæ экономикон трансформацийы процессы EBRD-ы æххуысы сæрмагонд нысаниуæгмæ» – баынсангонд у премеьер-министры процесс-куысты фидиуæны.
«Одил Рено-Басо Европæйы реконструкцийы ææ рæзынады банкы приоритеттыл банымадта хицæн секторы дарддæры рапарахатæн æххуыс, фылдæр инклюзивондзинад срæвдз кæнын экономикæйы, адæймагон капиталы стыхджын кæнын, инфраструктурæйы, афтæма транспортон-коммуникацион фæрæзты стынг кæнын æмæ банысан кодта, цæмæй EBRD дарддæр кæны Гуырдзыстоны хицауадимæ æнгом æмæ фæстиуæджын æмгуыстад» – банысангонд у премьер-министры пресс-куысты информацийы.