Ираклий Гъарибашвили Гуырдзыстоны Сомихыстоны минавар, Ашот Смбатянимæ фембæлдис
«Картули Оцнебайы» сæрдар Иракъли Гъарибашвили Гуырдзыстоны Сомихыстоны Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Ашот Смбатянимæ фембæлдис.
Фембæлдыл фæныхас кодтой Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны Республикæйы æхсæн уæвæг хæларсыхагон ахастытыл æмæ бирæ сферæйы æнтыстджын æмгуыстадыл,к æцыйы фæстиуæгæн уыд дыууæ бæстæйы æхсæн стратегион партнерады бадзырд бафыссын.
Банысан ис, цæмæй Дунейы цæугæ процессты фоныл, нысаниуæгджын у регионы сабырады æмæ стабилондинад бахъахъхъæнын.
Ныхас афтæдæр баххæссыд Гуырдзыстоны цæугæ политикон процесстæм.
Информаци публикаци кæны «Картули Оцнебайы» пресскуыст.