EBRD-ы минæвар – Гуырдзыстоны ипотекæйæ ифтонггонд облигациты закъондæттæн фæлгæт Евроцæдисмæ æмбæлон у
Гуырдзыстоны ипотекон облигацитæ рауагъдæн ис стыр гæнæнтæ бынæттон капиталы базарады рæзтæн, финансты ног дæргъвæтин равзæрæнтæн æмæ инвестицион рейтинг райсынæн – уый фæдыл райхъусын кодта Европæйы Реконструкцийы æмæ Райрæзты Банкы (EBRD) нформацийы капитал æмæ финансон базарады регионалон политикæйы департаменты хистæр Рада Томова, Гуырдзыстоны Национ Банкы организацигонд ипотекæйæ хъахъхъæд облигациты фæдыл концеренцийыл.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны ипотекон облигациты барадон фæлгæт, кæцы (EBRD) -ы æххуысæй сырæзт, Евроцæдисмæ æмбæлон у.
«Куыд æндæр бæстæтæ, кæцытæн мах æххуыс кодтам ипотекон облигациты реформæйы, EBRD Гуырдзыстоны дæр нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсы фыццаг эмисситы рауагъдмæ. Закъонон базæ у европæйаг стандарттæм гæсгæ, æмæ ма йын рейтингон агентад Moody’s -ы аргълæвæрд дæр ис. Ныр æппæт хъусдард здæхт у индустримæ, уымæн æмæ банкътæ цæттæ сты Гуырдзыстоны базарадæн ног инструмент скусын кæнынмæ», -расидтис EBRD Капиталон æмæ финансон базарады регионалон политикæйы департаменты хистæр.
Куыд загъдæуыд афтæмæй, Гуырдзыстоны националон банкъы организацигонд ипотекон облигациты конференцийы нысан уыд Гуырдзыстоны ипотекон облигацитæй базары райрæзт баахъаз кæнын.