EBRD-ы президенты æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры фембæлдыл бахахх ис  Гуырдзыстоны политикон стабилондзинады нысаниуæг
EBRD-ы президенты æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры фембæлдыл бахахх ис Гуырдзыстоны политикон стабилондзинады нысаниуæг

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили  Европæйы Реконструкцийы  æмæ Рæзынады  Банкы (EBRD) президент, Одил  Рено-Басоимæ фембæлдис.

Премьер-министры   пресс-куысты   информацийæ, фембæлдыл, кæцы   Глазгойы, ИНО-ы 2021  азы  климаты   ивды фæдыл 26-æм конференцийы фæлгæтты  ацыд, бахха ис  Гуырдзыстоны хицауады æмæ  EBRD-ы æхсæн уæвæг  æнтыстджын æмгуыстад, кæцыйы фæстиуæгæн бæстæйы  бирæ  нысаниуæгджын проект сыххæстис.

Афтæма сæ информацийæ,  EBRD-ы  президент бахахх кодта  Гуырдзыстоны политикон  стабилондзинады  нысаниуæг  æмæ банысан кодта, цæмæй æвзæрстыты фæуды фæстæ, æнæмæнгхъæугæ  у  концентраци скæнын  рæзынады  бонвæткыл.

«Банысан ис, цæмæй EBRD-ы æххуыс абоны онг,  цыппар миллиард евромæ ахæццæ ис  250-йæ фылдæр проекты æмæ сегасдæр нысаниуæгджын у, цæмæй   портфелы  стыр  хай, фæхæццæ ис хицæн сектормæ, кæцы нысаниуæгджын æндавы  бæстæйы экономикæйы рæзынадыл.

Хъусдард здæхт уыдис, Гуырдзыстоны  Европаг  интеграцийы фæндагы цæугæ  реформæтæм æмæ  экономикон  трансформацийы  процессы EBRD-ы æххуысы  сæрмагонд нысаниуæгмæ» –   баынсангонд у премеьер-министры процесс-куысты фидиуæны.

«Одил Рено-Басо  Европæйы реконструкцийы ææ рæзынады  банкы   приоритеттыл  банымадта  хицæн секторы  дарддæры рапарахатæн  æххуыс, фылдæр инклюзивондзинад срæвдз кæнын экономикæйы, адæймагон  капиталы стыхджын кæнын, инфраструктурæйы, афтæма  транспортон-коммуникацион  фæрæзты  стынг кæнын æмæ банысан кодта, цæмæй EBRD  дарддæр кæны Гуырдзыстоны хицауадимæ  æнгом æмæ  фæстиуæджын  æмгуыстад» – банысангонд у премьер-министры пресс-куысты  информацийы.