EBRD- Квешети-Къобийы тунелы арæзтадæн 60 милуан доллары финансдзинад сбæлвырд кодта
Цæгат-Хуссары къæлидоры магистралы скæнæг, Квешети-Къобийы 9 км-ын тунелы арæзтады æмфинансдзинадæн, Европæйы реконстукцийы æмæ рæзынады банкъ (EBRD) 60 милуан АИШ доллары финансон ресурс сбæлвырд кодта.
Инфраструктурæйы министрады информацийæ, Квешети-Къобийы фæндаджы æмæ тунелы арæзтадæн Азийы Рæзынады Банкъ (ADB) нырид рауæлдай кодта 415 милуан АИШ доллар, паддзахады финансдзинад та 83.6 милуан АИШ доллар уыдзæн. Квешети-Къобийы фæндаджы арæзтад 2 фадыгыл у дих, бадзырд дыууæдæр фадыгыл æвæрд у. Æмтгæй райсгæйæ плангонд у 2 хаххджын асфальт-бетоны 22.7 км фæндаджы, 6 хиды æмæ 5 тунелы арæзтад, сæ нымæцы иу 9 км-он тунелы арæзтад.
Квешети-Къобийы 9 км-ын тунелы фæтæн уыдзæн 15 метры бæрц, кæцы тынг стæмты вæййы. Æнææрмæст Кавказы, фæлæ ма æппæт дунейы масштабæй æмæ сегасæй егъау диаметр цы тунельтæн ис уыдæтты номхыгъдмæ бацæудзæн. Квешети-Къобийы фæндаджы æмæ тунелы арæзтады аргъ, æмтгæй райсгæйæ уыдзæн 1,2 миллиард лари.