Лаша Хуцишвили фембæлд Азийы Рæзынады Банкъы президентимæ
Лаша Хуцишвили фембæлд Азийы Рæзынады Банкъы президентимæ

Азийы Рæзынады Банкы зххуысæй, Гуырдзыстоны цæугæ проекттæ, афтæдæр, фидæнон  мгуыстады  фарстатæ  афæлгæстой  финансты министр, Азийы Рæзынады Банкы  Гуырдзыстоны æрдгæй  фæткдæттæг, Лаша Хуцишвили  æмæ Азийы  Рæзынады Банкы (ADB) президент  Масацугу  Асакава.

Финансты министрады  информацийæ,   фембæлд АИШ-ы, æхсæнадæмон валютон фонды  æмæ дунеон банкы  къорды æрвылазйон  уалдзæгон  фембæлдты фæлгатты ацыд.

Афтæма  сæ информацийæ,   фембæлдыл ноджы иу хатт бахахх ис Азийы Рæзынады Банкы , куыд иуæй-иу сегасдæр ставд   рæзынады партнеры  рол Гуырдзыстоны  тынг кæныны процессы, кæцы æххæссы, куыд хицауадон, афтæ  хицæн секторы  финансдзинадмæ.

Фембæлдыл  афæлгæстой Гуырдзыстоны экономикæйы абон уæвæг  уавæр. Банысан ис, цæмæй пандемимæ нæкæсгæ, бæстæ  бафæрæзта реформæты бонвæтк ма фесафын, уый нымæцы ADB цы  сектортæн æххуыс кæны, уым æмæ ацы  процесс ноджы дарддæр кæндзæн.

Фарсыты æхсæн  æмгукыстады перспективæйы ныхасы рæстæджы, хъусдард здæхт уыдис 20924 азы  Азийы  Рæзынады Банкы  æрвылазон  фембæлд Гуырдзыстоны  ауадзыны нысаниуæгмæ.  Бæрæг куыд у афтæмæй,  фæнысангонд фембæлд 2021 азы  Тбилисы хъуамæ ацыдаит, фæлæ  глобалон пандемийы  тыххæй  датæ  хаст æрцыд 2024 азы  зæрдæвæрæны мæймæ.