Лаша Хуцишвили  фембæлдис Азийы Рæзынады Банкы   президентимæ
Лаша Хуцишвили фембæлдис Азийы Рæзынады Банкы президентимæ

Азийы  рæзынады  банкы æрвылазон  фембæлды фæлгæтты, Гуырдзыстоны финансты  министр Лаша Хуцишвили, Азийы   рæзынады банкы  президент Масацугу Асакаваимæ фембæлдис.

«Дзырд уыдис бæстæйæн   стратегионæй  нысаниуæгджын проекттыл, цахæмдæр сты:  хурыскæсæн-ныгуылæны   тагъдцæуæн   автомагистрал,  кæцыйыл ADB-ы æххуысæй  цæуы  цыппар фадыгы    арæзтад,  цæгат-хуссары  къæлидор, кæцыйæн  йæ нысан у  фæхуыздæр кæна   регионон  бастдзинад,  æндæр фæндагон æмæ муниципалон проекттæ, кæцытæ   къухаразæг сты  Гуырдзыстоны  стынг кæнынæн, куыд транспортон æмæ логистикон   позицитæ.

Афтæма ныхас уыд    энергоæдасдзинады æмæ  хæдбарады   фарстатыл.

Фарсыты æхсæн  æмгуыстады перспективæйыл ныхасы рæстæджы, хъусдард  здæхт уыдис  2024 азы, Азийы  рæзынады  банкы  æрвылазон   фембæлд Гуырдзыстоны  ауадзыны  нысаниуæгыл», –   банысангонд у  финансты  министрады  информацийы.