Джуаншер  Бурчъуладзе  Ачъарайы регионы, инфраструктурон проектты  цыд сбæрæг кодта
Джуаншер Бурчъуладзе Ачъарайы регионы, инфраструктурон проектты цыд сбæрæг кодта

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады  министр Джуаншер  Бурчъуладзе  Аъчарайы регионы æфсæддон базæтыл, инфраструктурон куыстимæ зонгæ кæны – хъахъхъæнынады министрады  информацийæ,   ацыхатт  министр Кобулеты  специалон  операциты тыхты базæйыл уыд.

Уагдоны хъусинагæй,  министр  ремонтон æмæ  фæудгонд куыстыты фæдыл   деталон   информаци райста.

«Хъахъхъæнынады министр базæйы  территорийыл  æфсæддæттæн  ногбаконд  хæрæндон,ногцалцæггонд  каразмæтæ   абæрг кодта æмæ йæ  цæст ахаста  ногарызт   аргъуаныл дæр.  Гуырдзыйаг æфсæддæттæн   НАТО-ы уæнг бæстæты  стандарттæм æмбæлон   уавæртæ  саразыны нысанæн,  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  хъахъхъæнынады министрæй  снысан кæныны периодæй иуæйхиу  приоритетæй ссис, уæвæг  инфраструктурæйы  æххæстæй ранæуæг кæнын. Фæнысангонд процесс активонæй   дарддæрк æны  æмæ æфсæддон базæтыл сæдæгай  объект уыд арызт, бацалцæг ис æмæ  хæрзæфснайд уыд» – банысангонд у  хъахъхъæнынады министрады  информацийы.