Джо Байден  АИШ-ы  Уæрæсейæ нефты, æрдзон газы æмæ  дурæвзалыйы  импортыл тобæ  сæвæрдта
Джо Байден АИШ-ы Уæрæсейæ нефты, æрдзон газы æмæ дурæвзалыйы импортыл тобæ сæвæрдта

Америкæйы Иугонд Штаттæ, Уæрæсейæ, нефты, æрдзон газы æмæ  дурæвзалыйы  импортыл тобæ  сæвæрдта.

Уый фæдыл  бæстæйы президент  Джо Байден  райхъусын кодта сæрмагонд  брифингыл.

«Абон хъусын кæнын, ома АИШ-ы  нысанæй ссис Уæрæсейы  экономикæйы сæйраг артери. Уый нысан кæны, цæмæй  уырыссаг  нефт  нал  æрбаласдзысты АИШ-ы  порттæм æмæ америкаг адæм  ноджы риссаг дæр  цæф  фæкæндзæн  Путины хæсты машинæйы.

Ай у къахдзæф, кæцыимæ  Конгрессы дыууæдæр палата сразы ис. Америкæ украинаг адæмæн йæ фарс хæцы  æмæ АИШ-æ   нæ уыдзæн Путины  хæсты  финансгæнæгæй» – банысан кодта  Байден.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,   зæгъгæ Европæйы  бæстæты иумæ  цы  нефт амал кæнынц  уымæй  бирæ  фылдæр амал кæны АИШ  бынатыл.   Уыимæ Джо Байден  райхъусын кодта, ома   кусын  партнертимæ  дæргъвæтин   стратегийыл уырыссаг  энергохæсслдыты  сæ бастдзинад фæкаддæр кæнынæн.

«Ацы къахдзæф аразæм  уыцы  уавæрты,  нæ европаг партнертæ æмæ æмцæдисонтæ бирæтæ  гæнæн ис разыма уой цæмæй нæм æрбаиу уой  афтæмæй. Европæйы  бæстæты иумæ  цы  нефт амал кæнынц  уымæй  бирæ  фылдæр амал кæны АИШ  бынатыл. Мах стæм  экспортертæ. Афтæмæй, нæ бон у, саразæм ацы  къахдзæф  уыцы рæстæджы  æндæртæ  куы нæу  сæ бон.  Кусæм партнертимæ, цæмæй  нын уа  дæргъвæтин стратеги  уырыссаг  энергийыл сæ бастдзинад  фæкаддæр кæнынæн» – банысан кодта Джо Байден.