Джеймс Аппатурайи – Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвыны идея, ома дыууæ регионыл фæндзæм стати ма аххæсса, абон альянсæн цымидисон нæу
Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнг суæвыны идея, ома дыууæ регионыл фæндзæм стати ма бандава, абон НАТО-йы цымидисон нæу – ацы фидиуæн Кавказ æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи социалон хызаг «Фейсбукы» сарызта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ йæ нæ уырны цæмæй ахæм идея абон уæвæг æхсæнадæмон æдасдзинады аууæлтты афойнадон у.
«Æз федтон Гуырдзыстоны цæугæ дискусси, Гуырдзыстоны альянсы афтæ уæнг суæвын, цæмæй фæндзæм стати ма бандава дыууæ регионыл. Мæнмæ гæсгæ, ацы фарстайыл дискуссий абон æнæхъуаджы у. Æз нæ уынын НАТО-йы интерес, цæмæй ацы фарста æркæса. Афтæдæр мæ нæ уырны, цæмæй уæвæг æхсæнадæмон æдасдзинады аууæлтты, ацы идея афойнадон уа. НАТО-йы Гуырдзыстны минæварад активонæй архайы, цæмæй Гуырдзыстоны фылдæр хайæ бавдыст уа НАТО-йы, æмæ НАТО та Гуырдзыстоны, кæцы æххæссы дырыс æмæ конкретон идеятæм. Ай у раст ахаст, политикъон æмæ практиконæй дæр. НАТО-йы атлантикон совет тагъд уыдзæн Гуырдзыстоны, цæмæй æркæса нæ æмгуыстады фæарфдæр кæныны фæндæгтæ, сæ нымæцы кастæуы Гуырдзыстонæн æххуыс уыцы реформæты, кæцытæ йын ахъаззаг уыдзысты НАТО-йы уæнгдзинадмæ бацæттæйы», – фыссы Аппатурайи.
Экономикон политикæйы иртасаг центры æмæ Маккейны институты организацигонд радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференцийыл, кæцы Тбилисы ацыд, НАТО-йы раздæры генералон нымæрдар Андерс Фог Расмусен райхъусын кодта, цæмæй зæгъгæ хъуамæ кастæуа Гуырдзыстоны мидæгæй, æрфæнддзæн æви нæ ахæм механизмы райсын, кæцымæ гæсгæ дæр НАТО-йы уагæвæрды фæндзæм стати, аххæссдзæн æрмæст уыцы территорийыл, кæцы у Гуырдзыстоны хицауады кантролы дæлбар. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстæн хъуамæ раттой дзуапп НАТО-йы дæр. Расмусены дзырдæй, фыццаг къахдзæф зæгъгæ ацы фарсталйы уынаффæ кæнынæн арызт хъуамæ æрцæуид Гуырдзыстоны æмæ уый фæстæ хъуамæ бавдыстæуа НАТО-ы. «Мах процесс хъуамæ райдайæм æмæ кæд гуырдзиæгтæ ахицæн кæндзысты, цæмæй фæндзæм стати оккупацигонд территоритæм ма бандава, уæд махæн нæ бон у уый райсын, цæмæй фæнысангонд стати ахæсса æрмæстдæр Гуырдзыстоны хицауад цы территори кантрол кæны уымæ. Уый фæстæ та нæ бон у процесс райдайын», – райхъусын кодта Андерс Фог Расмусен.
I’ve seen the current exchanges in Georgia on joining the Alliance without Article 5 applying to the two regions. In my…
Posted by James Appathurai Official on ოთხშაბათი, 11 სექტემბერი, 2019