Джеймс Аппатурайи - Гуырдзыстонимæ иумæйагæй нæ фæнды бирæ цыдæр саразын
Æнхъæлмæ кæсæм фидæн азы НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыртæм, æмæ нын ныридæгæн прогресс дæр ис. Ахуыртæм фидæн азы НАТО-ы уæнг бæстæты егъау хайадæй ацæудзысты – Уый фæдыл, Фыццаг Къаналæн, НАТО-ы генералон нымæрдары специалон минæвар Джеймс Аппатурайи фехъусын кодта.
Джеймс Аппатурайи куыд банысан кодта афтæмæй, НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабатыл, САу Денджызы æдасдзинадыл æмæ ацы контексты Гуырдызстонимæ æмкуысткæнынадыл уыдис ныхас зæгъгæ.
«Тынг бирæ идея ис, ахæмтæ кæцыты Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Давит Дондуа Гуырдзыстоны хицауады номæй бавдыста æмæ кæцытæ сæххæст сты. Имплементацийæн бахъуыд бæрæг рæстæг, фæлæ мах уый сарызтам. Тынг бирæ цыдæр цæуы æххæст ацы æрдæм. Дæнцæн донбыл хъаххъæды ахуыртæ, НАТО-ы минæварады нымæцы рæзт, информацийы хуыздæр баивд. Мах уый алцыппæт сæххæст кодтам, фæлæ нырма ноджы бирæ идея ис йæ ранымады. Сау Денджызы регионы ситуаци æдасдзинады æрдгæй, раздæронæй хуыздæр у. Растæй куы зæгъон ай у уыцы къабаз кæцыйы æрдæм нæ фæнды хъусдард раздахын. Дыккаг, мах кæсæм НАТО-Гуырдызстоны архайадон пакеты имплементацийы цыдмæ. Ацы пакеты элементты хайы æххæст кæныны фæуыдзыстæм фидæны азы. Сарызтам æмсæ сæхæст кодтам, цæмæ тырныдтам уый æмæ баззайгæ хайы сæххæстæн та бахъæудзæн бæрæг рæстæг. Æнхъæлмæ кæсæм фидæн азы НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыртæм. Ныридæгæн нæм ис егъау прогресс. Ахуыртæ фидæн азы НАТО-ы уæнг бæстæты егъау хайадæй ацæудзысты. ФЕндзыстæм цæмæй цы нæ бон саразæм ногæй. Нæ нæ фæнды тагъд кæнын. Ныр райдайæм ацы темæйыл уынаффæ кæнын»- райхъусын кодта Аппатурайи.