Дональд Туск Гуырдзыстоны пълангонд парламентон æвзæрстыты кой кæны
«Европæйы Адæмон партийы» сæрдар Дональд Туск Гуырдзыстоны пълангонд парламентон æвзæрстыты кой кæны.
«Евроæпйы Адæмон Парти æнхъæл у, цæмæй Гуырдзыстоны разæвзарæнон кампани сæрибар уыдзæн хъæлæсты балхæдæй, æвзæрстгæнджытæм тас уадзынæй, тыхмидзинадæн æнæвхæрдæй æмæ администрацион ресурстæй фыдвæнды пайда кæнынæй, уый фæдыл раззаг æвзæрстыты фæстæ, æхсæнадæмон цæстджыты хыгъдлæвæрды куыд радзырдтой, афтæ», – фыссы Туск «Твиттеры».