Дональд Трамп – Уæрæсейæ райстам тыхджын сигналтæ, цæмæй цæттæ сты сабырадмæ, кæд уæ фæнды хæстæн кæрон скæнын, уæд дыууæ фарсимæ дæр ныхас кæнын хъæуы
Дональд Трамп – Уæрæсейæ райстам тыхджын сигналтæ, цæмæй цæттæ сты сабырадмæ, кæд уæ фæнды хæстæн кæрон скæнын, уæд дыууæ фарсимæ дæр ныхас кæнын хъæуы

“Мах уыд серьезон ныхас Уæрæсеимæ æмæ райстам тыхджын сигналтæ, цæмæй цæттæ сты сабырдзинадмæ. Кæд уæ фæнды хæстæн кæрон скæнын, уæд хъуамæ ныхас кæнат дыууæ фарсимæ дæр”, – загъта АИШ-ы президент Дональд Трамп Конгрессы раныхасы.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Украинæ цæттæ у æнцонвадат рæстæджы, минералон æмæ æдасдзинады фæдыл бадзырд бафыссынмæ.

«Абон райсомæй райстон нысаниуæгджын фыстæг президент Зеленскийæ. Уым фыст ис: «Украинæ цæттæ у бадзырдты стъолмæ куыд гæнæн ис афтæ тагъддæр æрбацæуа, цæмæй æввахсдæр уа æнæфæцудгæ сабырадмæ». Сабырдзинад украинæгтæй фылдæр никæй фæнды. Нæ къорд цæттæ у президент Трампы фидар къухдариуæгады бын кусынмæ, цæмæй къухы бафта æнæфæцудгæ сабырдзинад. Мах æцæгæйдæр аргъ кæнæм, Америкæ цы сарæзта, цæмæй баххуыс кæна Украинæйæн йæ суверенитет æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнынæн. «Украинæ цæттæ у цыфæнды æнцонвадат рæстæджы минералон æмæ æдасдзинады фæдыл бадзырд бафыссынмæ». Æз аргъ кæнын, ацы фыстæг кæй æрбарвыста, уымæн. Уыимæ иумæ, махæн уыд серьезон ныхас Уæрæсеимæ æмæ райстам тыхджын сигналтæ, цæмæй цæттæ сты сабырдзинадмæ. Афон у ацы æдылыдзинад ныууадзынæн. Афон у марындзинæдтæ бауромынæн. Афон у ацы æнæхъуаджы хæстæн кæрон скæнынæн. «Кæд уæ фæнды хæст фæуромын, уæд дыууæ фарсимæ дæр хъуамæ ныхас кæнат» – райхъусын кодта Трамп.