Дмитрий Песков – Кремль Украинайы  фарстайыл  бадзырдтæ ауадзынæн цæттæ у Минскъмæ  делегаци арвита
Дмитрий Песков – Кремль Украинайы фарстайыл бадзырдтæ ауадзынæн цæттæ у Минскъмæ делегаци арвита

Кремль  Украинайы фарстайыл бадзырдтæм цæттæ у, Минскмæ делегаци арвита, уый фæдыл  Уæрæсейы президенты пресс-спикер  Дмитрий Песков  райхъусын кодта.

«Зеленскийы  æнхъарæны дзуаппæн, Владимир путин цæттæ  у  арвита Минскмæ   Уæрæсейы  делегаци  хъахъхъæнынады министрады, фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ   президенты администрацийы минæвæртты æмвæзадыл, украинаг  делегациимæ бадзырдтæм» –   хъусын кæны Песков.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  Володимир Зеленски абон разагъдта  цæттæдзинад æркæса   Украинайы  нейтралитеты статусы фæдыл.

«Сæрыфыццагæй  Уæрæсейы Федерацийы  президент Владимир Путин  ныхас кодта ууыл, цæмæй  операцийы  нысан  Луганскы  адæмон республикæйы æмæ   Донецкы адæмон респукбликæйæн   æххуыс, уый нымæцы  Украинайы  демилитаризацийы  æмæ  денацификацийы  фæнгдагæй.   Айта,  нейтралон статусы   æнæдихаг компонент у» – райхъусын кодта Песков.

Пресс-спикер куыд  банысан кодта афтæмæй,   белорусы   президент   зæгъгæ бауырныны кодта Владимир Путины, цæмæй  сараздзæн алыхуызон аууæлттæ  бадзырдтæ ауадзынæн.