Давит Гареджийы хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд, Наталиа Иличова æмæ Ивери Мелашвилийы ныхмæ прокуратурæ фæдагуырд фæцис, хъуыддаджы лæмбынæг каст адарддæр уыдзæн тæрхондоны
Давит Гареджийы хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд, Наталиа Иличова æмæ Ивери Мелашвилийы ныхмæ прокуратурæ фæдагуырд фæцис æмæ хъуыддаджы лæмбынæг каст адарддæр уыдзæн тæрхондоны – уый фæдыл прокуррор Михеил Садрадзе фехуъсын кодта.
Уыйимæ иумæ, прокурроры дзырдæй, генералон прокуратурæйы дарддæр кæны фæдагуырд æндæр гæнæн фыдгæнæг уæнгты раргом кæныны нысанæн.
Прокуратурæйы фидиуæнæй, ахæстты аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны ныхмæ архад раконды кæцы здæх уыдис Гуырдзыстоны территоритæй хай рахицæн кæныны æрдæм.
«Тугтæрхоны барады хъуыддаг зылынмæ лæврæдты ныхмæ æввахс фидæны лæмбынæг æркæсынæн ацæудзæн тæрхондоны. Ам хъуамæ фæнысан уа, цæмæй факты фæдыл æндæр гæнæн фыдгæнæг уæнгты раргом кæныны нысанæн, Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ дарддæр кæны фæдагуыр д æмæ фæдагуырды фæстиуджыты фæдыл информаци, периодонæй лæвæрд цæудзæн æхсæнадмæ» – райхъусын кодта прокуррор.
Давит Гареджийы хъуыддагыл прокуратурæ фæсарæн хъуыддæгты министрады кусæг Ивери Мелашвилийы æмæ мх министрады кусæг Наталиа Иличовайы 7 октябры æрцахста. Уыдоны аххосджын кæнынц Гуырдзыстоны территориты ныхмæ архайды. Тбилисы гоæрты тæрхондон сын æфхæрды мадзалæй стæрхон кодта ахст. Ахæсттæ уыдонæн бавдыст зылынгæнæнтыл нæ сæттынц.
Тбилисы горæты тæрхондон ахæсттæн æфхæрды мадзалы хуызæй тæрхонгонд ахсты скуыддзаг ногæй æркастис 30 ноябры æмæ зылынмæ лæвæрдты ахсты ныууагъдта. Адвокаттæ 211 фидары къухфысты бындурыл куырдтой Иличова æмæ Мелашвилийы ссæрибар кæнын.