Давит Дондуа – Уырыссæгтæ цы митæ кæнынц - раст уый у политизирдзинад, Татунашвилийы хъуыддагыл сæм дзуаппытæ нæй æмæ быцæудзырд кæнынц æрмæст
Давит Дондуа – Уырыссæгтæ цы митæ  кæнынц  - раст уый у политизирдзинад, Татунашвилийы хъуыддагыл сæм дзуаппытæ нæй æмæ быцæудзырд кæнынц æрмæст

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæгы хæстæ æххæстгæнæг, Давит дондуа  хъусын кæны, цæмæй  гуырдзиаг фарс,  Женевæйы   бадзырдты  хайадисджытæн, алæвæрдта  Арчил Татунашвилийы  адзалы экспертизæйы  хатдзæг.

«Æгæр бæзджын  документ у  æмæ  уыйимæ æзорнгæ кæнынæн  хъæуы рæстæг.  Фæлæ  æнæуый дæр бирæ   информаци ис.  Махæн уыдис  конкретон  фарстатæ   æмæ  æнæхатдзæгæй  дæр   уыд гæнæн  дзуаппыта райсын.  Хатдзæгы  тæлмацгонд верси раттам   алы  хайадисæгæн.  Документы  сæм уый тыххæй  раттам,  цæмæй сæм уа  æххæст информаци,  цы  хуызы  æмæ   цавæр æмвæзады  трагедий  æрцыд» –  банысан кодта  Давит дондуа.

Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министры  хæдивæгы хæстæ æххæстгæнæджы ныхæстæм гæсгæ,  Арчил Татунашвилийы   хъуыддагыл ныхас,  стыр  рæстæг ахæхссыд.

«Бирæ  фæныхас кодтам ацы трагикон   цауы фæдыл.   Банысан клодтам, цæмæй  ай  нæу  изолиргонд цау,  фæлæ загътам,  цæмæй дзы ацы  цау райста тæссаг тенденцийы  хуыз. Æнæмæнгхъæугæ у, фарстатыл  адæекватон дзуаппытæ раттын,  фыдгæнджыты  дзуаппмæ  раттын æмæ   расттæрхоны  æсæххæст кæнын.   Æххæст æнцойад уыд  æмсæрдæртты æмæ АИШ_ы  минæвæртты æрдгæй.  Хъыгагæн,  байхъуыстам зæронд,  дзæбæх  зонгæ  æмæ  ницæйаг  риторикæ.  Цалдæр хатт   спротест кодтам  æмæ сæ  æркуырдтам  конкретон дзуаппытæ.  Кæд  дзурынц, цæмæй  ай  уыд марындзинад нæ фæлæ  зæрдæнизæй  адзал,  уæд  цы фæцис  зæрдæ,  кæм сты  оргæнтæ,  кæцыты  экспертизæйы фæрцы  дæр хъуамæ сбæлвырд уа  адзалы  реалон  аххос.  Ацы фарстытыл  ницы   дзуапп  куы нæ раттой,  уæд  сæ комкоммæ   бавдыстам  бадзырдты хайадисæгмæ  Уæрæсейы æрдгæй.  Экспертизæ  сырæзт Уæрæсейы  территорийыл æмæ бæрæг у,  цæмæй  хатдзæг  кæцыйы Цхинвал  рарвыста, у уырыссаг эксперты  фыст.  Уый  тыххæй дæр сæ  бафарстам.  Зæгъгæ  кæд  ай  уыдис  зæрдæнизæй  адзал,  уæд  та  кæм ис  зæрдæ,  кæд дзы игæры  функцийы  хæлд,   уæд кæм  йæхæдæг игæр,  кæд тугмæхсæн  уыдис – уæд та  цы фæцис  магъз?  Дзуаппæн  та  нæ  фæаххосджын кодтой  уæлдай эмоциты  æмæ   фарстыты   уæлдай  политизирдзинады.  Уый цыдæриддæр уырыссæгтæ  аразынц,  раст дæр уый у  политизаци.  Тынг конкретон фарстайыл сæм нæй  дзуаппытæ  æмæ  райдайынц  быцæудзырд.  Æнæхъæн бон ууыл уыд ныхас. Хъыгагæн,   мидисджын дзуапп нæ райстам» – банысан кодта Дондуа.

Женевæйы уагъд цæуы  æхсæнадæмон бадзырдты 44-æм раунд