Æддагполитикон уагдон -  Женевæйы  бадзырдтæм бацæттæгæнæн  фембæлдыл, карзæй бавдыст æрцыд пандемийы уавæрты Уæрæсейы æрдгæй  провокацитæ кæй фæарæх сты уыцы фарста
Æддагполитикон уагдон - Женевæйы бадзырдтæм бацæттæгæнæн фембæлдыл, карзæй бавдыст æрцыд пандемийы уавæрты Уæрæсейы æрдгæй провокацитæ кæй фæарæх сты уыцы фарста

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады Женевæйы  æхсæнадæмон  бадзырдты 51-æм раунды  бацæттæгæнæн  фембæлд ацыд   æмсæрдæрттимæ  Евроцæдисы, ИНО æмæ  OSCE-йæ.

Фембæлдыл  гуырдзиаг фарсæй  къухдариуæг кодта  фæсарæн хъуыддæгты  министры хæдивæг  Лаша Дарсалиа.

Министрады  пресс-куысты  информацийæ, фембæлдыл карз бавдыст æрцыд   пандемийы  уавæрты Уæрæсейы  Федерацийы æрдгæй  фæарæхгон провокацитæ, сæ нымæцы  а.х.а бордеризацийы  æмæ æнæзаконон  æрцахстты  цаутæ, кæцы бынатыл  æдасдзинады æмæ  гуманитарон уавæр  ноджы  карздæр кæнынц.

«Гуырдзыстоны делегацийы æрдгæй  банысан ис, цæмæй  Ахалгоры  цæрæг  дохтыры, Онисе Гатенашвилийы  мæлæты  фæстаг  цау, иу хатт бæлвырд кæны  оккупацион  хаххы æрыхгæды  фæстиуæгæн  Цхинвалы регионы сырæзт  уæззау  гуманитарон  уавæр,  уый ынмæцы, æнæаргъæвгæ  медицинон лæггад  арæнкæныны цæстæнгасæй. Бахахх ис, цæмæй  а.х. ахизæн пунктты  дæргъвæтин æрыхгæды тыххæй  оккупацигонд  Цхинвалы  регионы  цæрджытæ æххæст изоляцийы  сты, кæцы  тас бын  æппары  бынæттон цæрджыты цард» – дзырдæуы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады информацийы.

Уагдоны  хъусинагæй, Лаша Дарсалиа  райхуъсын кодта, цæмæй  Уæрæсейы  Федераци æмæ  йæ  оккупацион  режимтæ  хъыгагæн дарддæр кæнынц  адæймаджы  барты  темæйæ  манипуляци кæнын æмæ  гуманитарон  фарстæты  политизацидзинад.