Важа Гаприндавшилийы бинонты  сидт  Женевæйы  бадзырдты хайадисджытæм
Важа Гаприндавшилийы бинонты сидт Женевæйы бадзырдты хайадисджытæм

Цхинвалы оккупацион   режим ахст  дохтыры,  Важа Гаприндашвилийы  бинойнаг, Тамила Лапанашвили  Женевæйы  бадзырдты   хайадисджытæм баздæхтис, дохтыры  ссæрибар кæнынæн,   цы  мæцъистæ  сæм ис,  уыдон æппæтæй  максималонæй  спайда кæной.

«10-11 декабры   Женевæйы бадзырдты  размæ  хайдисæг   фарсытæм сидын, цæмæй    алы  амæттæй  бацархайой, Важа Гаприндашвилийы   ссæрибар кæнынæн.   Банкъарæг цы  бæрн  хæссынц æмæ  куыд карз у  проблемæ уый.  Важайы  хуъыддаг æркæсæт  æнæ æрмæст, куыд  Гуырдзыстоны, фæлæ ма  куыд  Евросоветы  уæнг бæстæйы  æмбæстаг, цæмæй  разыдзинадмæ æрцæуой æмæ  Важа  Гаприндашвилийы  æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæной», –  райхъусын кодта  Тамила Лапанашвили.

Лапанашвилийы  дзырдæй, сом  зæгъгæ  10:00 сахатыл  Женевæйы  иугонд  нациты организацийы   офисы цур ацæудзæн, Важа Гаприндашвилийæн фарсхæцæг акци  «Сæрибардзинад Важа Гаприндашвилийæн».

«Уырнæг стæм, ацы   бадзырдты   цыппардæр фарсы сты  адæймæгтæ æмæ  сæм ис адæймагон  æмнæкъарды, намысы  æнкъарæн.  Кæд фæнысангонд  архæйдтытæ  фæстиуæг не рхæсдзысты,  уæд  æрывналдзыстæм  протесты  радикалондæр формæтæм. Ныфс дарæм,  ацы  къуырийы   дæргъы  Важайы  ссæрибар кæныны   фарста, æвæрццагæн,   аскуыддзаг уыдзæн  æмæ йæ  бинонтæм æрыздæхдзæн», – райхъусын кодта дохтыр Важа  Гаприндашвилийы  бинойнаг.